Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 2:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Фӕлӕ израилӕгтӕ сӕ фӕтӕгтӕм дӕр нал хъуыстой, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кад кодтой. Сӕ фыдӕлтӕ цы фӕндагыл цыдысты, уымӕй иуварс тагъд фӕзылдысты. Уыдон Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтой, адон та нӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 2:17
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ чысыл куы вӕййы сӕ нымӕц, ӕфхӕрд, фыдбӕллӕх ӕмӕ тухиты бын хъизӕмар куы февзарынц,


Уӕлзонд кӕмӕ ис, уый лӕмбынӕг ӕркӕсӕд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх бамбарӕд.


Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй ӕгӕр тагъд фӕзылдысты! Сӕхицӕн скодтой сыгъзӕрин уӕныг ӕмӕ йӕм бакуывтой, ӕрхастой йын нывӕндтӕ. Загътой: „Мӕнӕ дӕ хуыцау, Израил! Мысыры зӕххӕй дӕ уый ракодта!“»


Паддзах Иосиайы заман мӕм Дунедарӕг раргом ис ӕмӕ мын загъта: Ды Израилы чызгӕн, гадзрахатӕй рацӕуӕгӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр федтай. Алы къуыбырмӕ, алы къабузджын бӕласмӕ цыди ӕмӕ уым хъахбай митӕ кодта.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“.


Дзуапп ӕрдомут уӕ ныййарӕг мадӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕ бинойнаг нӕу, Ӕз та нӕ дӕн йӕ сӕрыхицау. Йӕ хъахбай митӕ ныууадзӕд, хъазинаг ма аразӕд йӕ риуӕй.


Цы цӕуӕнгӕс дӕлимонтимӕ хӕтынц, уыдонӕн мауал хӕссӕнт нывӕндтӕ. Уый сын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудӕйы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ргом аздӕхтой Дунедарӕджы Ӕгъдауӕй, Йӕ уагӕвӕрдтӕ Йын не ’ххӕст кӕнынц. Сӕ фыдӕлтӕ цы мӕнг хуыцӕутты фӕдыл цыдысты, уыдон сын сӕ фӕндаг ныггалиутӕ кодтой.


Дисы мӕ ӕфтауы, Чырыстийы хорзӕхы фӕрцы уӕ Йӕхимӕ Ӕрхонӕгӕй ӕндӕр Фарны Уацмӕ уе ’ргом куыд тагъд здахын райдыдтат, уый.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ды дӕ сыджытыл куы бафтай, уӕд ацы адӕм, кӕй бӕстӕм цӕуынц, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзысты. Мӕныл сӕхи атигъ кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Ӕз та сӕ уӕд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй Ме ’ргом аздахдзынӕн.


Загъта мын: „Рӕвдз цӕугӕ дӕлӕмӕ: дӕ адӕм, Мысырӕй кӕй ракодтай, уыдон, сӕнӕуаг сты. Цы фӕндагыл цӕуын сын бафӕдзӕхстон, уымӕй тагъд фӕзылдысты: сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд гуымиры“.


Ӕмӕ ӕз федтон, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕд кӕй ракодтат, уый: уӕхицӕн джиппыуагъд гуымиры сарӕзтат; Дунедарӕг уын цы фӕндагыл цӕуын бафӕдзӕхста, уымӕй адзӕгъӕл стут.


Адӕм Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, кӕндзыстӕм лӕггад ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм».


Йешуайы заман дӕр ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чи рацард ӕмӕ, Дунедарӕг Израилы сӕраппонд цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы хистӕрты заман дӕр израилӕгтӕ ӕнувыдӕй лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн.


Йешуайы заман дӕр ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чи рацард, Дунедарӕг Израилы сӕраппонд цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы хистӕрты заман дӕр израилӕгтӕ ӕнувыдӕй лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн.


Гедеоны мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ ногӕй тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕн табу кодтой ӕмӕ Баал-Беритӕй сӕхицӕн хуыцау сарӕзтой.


Фӕлӕ аммонаг паддзах Нахаш уӕ ныхмӕ кӕй цӕуы, уый куы федтат, уӕд мын загътат: „Нӕ, уадз ӕмӕ паддзах уа нӕ сӕргъы“, афтӕмӕй та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг у уӕ паддзах.


Ныртӕккӕ мӕнӕугӕрдӕнтӕ не сты, ӕви? Фӕлӕ ӕз Дунедарӕгмӕ скувдзынӕн, ӕмӕ Уый рарвитдзӕн ӕрвнӕрд ӕмӕ къӕвда, ӕмӕ сымах базондзыстут ӕмӕ фендзыстут, уӕхицӕн паддзах куы ракуырдтат, уӕд Дунедарӕджы раз стыр тӕригъӕды кӕй бацыдыстут, уый».


Адӕм Самуелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Дӕ цагъарты тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув, ӕмӕ ма амӕлӕм. Уымӕн ӕмӕ ма не ’ппӕт тӕригъӕдтӕм ноджы иу фыдракӕнд бафтыдтам, нӕхицӕн паддзах куы ракуырдтам, уӕд».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ