Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 19:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уый фӕстӕ левит йӕ номылус ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ йӕхи фӕндагмӕ цӕттӕ кӕнын байдыдта. Йӕ каис та йын загъта: «Акӕс-ма, изӕрдалынгтӕ кӕны, ахсӕв ам лӕуу! Баулӕф ӕмӕ райсом сӕумӕцъӕхӕй ацӕудзыстут уӕ хӕдзармӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 19:9
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авессалом йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Уӕ хъус ӕм дарут, ӕмӕ Амнон куыддӕр сӕнӕй бахъӕлдзӕг уа, афтӕ уын зӕгъдзынӕн: „Цӕвут Амноны“, ӕмӕ-иу ӕй амарут. Ма тӕрсут, ӕз уын зӕгъын афтӕ. Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ фӕстӕмӕ ма фӕлӕуут».


Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.


Фӕлӕ Йӕ уыдон урӕдтой ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодтой: «Баззай немӕ, тагъд баизӕр уыдзӕн, бон фӕивгъуыйы». Уӕд Уый дӕр бацыди хъӕумӕ ӕмӕ семӕ баззади.


Фӕлӕ левит ӕхсӕвы уым баззайыныл нал сразы, ӕмӕ сӕ фӕндагыл ацыдысты. Бахӕццӕ сты Йевусы сахармӕ (ома Йерусалиммӕ). Левитимӕ уыдысты йӕ номылус ӕмӕ дыууӕ хӕрӕджы ӕд уӕргътӕ.


Ӕрбадтысты та, иумӕ бахордтой, бануӕзтой, ӕмӕ та левитӕн йӕ каис афтӕ зӕгъы: «Цӕй, ахсӕв ма лӕуу, баулӕф».


Фӕндзӕм бон сӕумӕрайсом левит йӕхи срӕвдз кодта, фӕлӕ та йӕм йӕ каис ныххатыди, бахӕр, зӕгъгӕ, ӕмӕ изӕрмӕ фынджы уӕлхъус фӕбадтысты.


Боаз бахордта ӕмӕ бануӕзта, йӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг ӕмӕ кӕрийы цур бахуыссыди. Руф ӕнӕ уынӕрӕй бацыд, йӕ дӕлфӕдты ’рдыгӕй йын йе ’мбӕрзӕныл схӕцыд ӕмӕ ӕрхуыссыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ