15 Уыйадыл уыцы лӕгтӕ Михайы хӕдзармӕ, ӕрыгон левит кӕм цардис, уыцырдӕм фӕзылдысты, бацыдысты мидӕмӕ ӕмӕ левитӕн салам радтой.
Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фырты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ. Йосеф бахӕццӕ ис Шехеммӕ,
Йосеф сын салам радта, стӕй сӕ бафарста: «Куыд у уӕ зӕронд фыд, айразмӕ йӕ кой кӕмӕн кодтат, уый? Ӕгас ма у?»
Рӕвдз йӕ размӕ ауай ӕмӕ йӕ бафӕрс, йӕхӕдӕг дӕр, йӕ мой дӕр ӕмӕ йӕ саби дӕр куыд сты, уымӕй!» Сылгоймаг Гиезийӕн загъта: «Дзӕбӕх стӕм».
Фарн уын уадзын Мӕ фӕстӕ, Мӕ фарн уын дӕттын. Дуне куыд дӕтты, Ӕз уын ӕй афтӕ нӕ дӕттын. Мацӕуыл тыхсут ӕмӕ мацӕмӕй тӕрсут.
уӕд, уымӕй размӕ Лаишмӕ бӕрӕгдзау цы фондз хӕстоны ацыдысты, уыдон иннӕтӕн загътой: «Сымах зонут, ацы хӕдзӕрттӕй иуы хуыцауы кӕрдгӕныв, ефод, хуыцаугӕндтӕ ӕмӕ джиппыуагъд гуымиры кӕй ис, уый? Уӕдӕ ахъуыды кӕнут, цы кӕнгӕ уын у, ууыл».
Даны фӕдонтӕй ӕхсӕзсӕдӕ хӕстоны гӕрзифтонгӕй лӕууыдысты кулдуары цур.
Ацы дӕс цыхты та ахӕсс миныхицауӕн. Фен, де ’фсымӕртӕ куыд сты, цы сты, уый ӕмӕ, ӕнӕфыдбылыз кӕй сты, уый нысанӕн сӕ исты ӕрбахӕсс.
Давид йӕ уаргъ рӕсӕнуатгӕсмӕ фӕуагъта ӕмӕ ӕфсӕдты цурмӕ ауади. Куы бахӕццӕ, уӕд йе ’фсымӕртӕн салам радта.