Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 15:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Самсонимӕ куыддӕр Лехийы сахармӕ бахӕццӕ сты, афтӕ филистимӕгтӕ, хъӕргӕнгӕ, йӕ размӕ разгъордтой. Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон гӕнау асыгъдысты, ӕмӕ йӕ къухтӕ феуӕгъд сты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 15:14
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы, ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый?


Ӕз мӕ зӕрдӕйы рӕбын бавӕрдтон Дӕ ныхас, цӕмӕй Дӕ разы тӕригъӕд ма ракӕнон.


Уадз ӕмӕ фараон зӕгъа, израилӕгтӕ фӕдзӕгъӕл сты, ӕдзӕрӕг быдыр сыл дуӕрттӕ ӕрӕхгӕдта.


Мысыры паддзахмӕ хабаргӕнӕг фӕцис, израилӕгтӕ алыгъдысты, зӕгъгӕ. Фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕ ӕрфӕсмон кодтой, кӕй сӕ ауагътой, уый тыххӕй. Загътой: «Уый цы бакуыстам? Ауагътам израилӕгты, нӕ кусджыты!»


Ме знаг, райгондӕй мӕм ма кӕс! Кӕд ахаудтӕн, уӕддӕр та сыстдзынӕн, кӕд мӕ алыварс баталынг ис, уӕддӕр Дунедарӕг у мӕ рухс.


Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Дӕуӕй дӕр, мӕ иузӕрдион ӕмкусӕг, ӕххуыс курын уыцы сылгоймӕгтӕн. Сӕ нӕмттӕ царды чиныджы фыст кӕмӕн сты, уыцы Клемент ӕмӕ мӕ иннӕ ӕмкусджыты ӕмрӕнхъ уыдон дӕр мемӕ иумӕ тох кодтой Фарны Уац адӕммӕ хӕссыны сӕраппонд.


Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Самсон Ашкелонмӕ ацыд ӕмӕ уым дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардта. Сӕ дарӕстӕ сын раласта ӕмӕ сӕ, уыци-уыци чи базыдта, уыдонӕн радта. Уый фӕстӕ мӕстджынӕй йӕ фыды хӕдзармӕ раздӕхти.


Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Самсоныл, ӕмӕ домбайы йӕ къухтӕй сӕныччы скъуыдтӕ акодта. Уыцы хабар йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн нӕ радзырдта.


Уыдон ын загътой: «Ницы дын кӕндзыстӕм, ӕрмӕстдӕр дӕ сбӕтдзыстӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухтӕм ратдзыстӕм, маргӕ дӕ нӕ акӕндзыстӕм». Дыууӕ ног бӕндӕнӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ лӕгӕтӕй ракодтой.


Филистимӕгтӕ Иудеймӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ дзы рӕсӕнуат скодтой, Лехийы сахар бацахстой.


Далилӕ ног бӕндӕнтӕ райста, сбаста йӕ ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Уыдон та уаты бадтысты. Самсон бӕндӕнтӕ ӕндӕхтау ӕрбаскъуыдтӕ кодта.


Адӕм дӕр, Самсонмӕ кӕсгӕйӕ, кад кодтой сӕ хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Нӕ хуыцау нын, нӕ зӕххытӕ нын чи сафтид кодта ӕмӕ нӕ бирӕты чи фӕмардта, уыцы знаджы нӕ къухмӕ радта».


Уыдон та ӕрӕмбӕхстысты йӕ уаты. Далилӕ Самсонмӕ дзуры: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон нуӕрттӕ, гӕн ӕндахыл арт куыд сирвӕзы, уыйау ӕрбаскъуыдта, ӕмӕ йӕ тыхы сусӕгдзинад нӕ раргом ис.


Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта.


«Ӕфтиаг райстой, ӕмӕ йӕ се ’хсӕн уарынц. Алы хӕстонӕн дӕр — чызг, науӕд — дыууӕ. Сисерайы ’фтиаг — хъулон хӕрдгӕхуыд хъуымӕцтӕ, дыууӕ нывӕфтыд фӕлысты».


Гевӕмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд амбӕлдысты пехуымпарты къордыл. Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Саулыл, ӕмӕ уый дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта.


Дунедарӕджы Уд дыл ӕртыхсдзӕн, ӕмӕ ды дӕр семӕ пехуымпариуӕг кӕнын райдайдзынӕ, ӕндӕр адӕймаг суыдзынӕ.


Саул уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ыл Хуыцауы Уд ӕртыхст, ӕмӕ йӕ маст рафыхти.


уӕд-иу ӕй ӕз асырдтон, мӕхи-иу ыл ныццавтон ӕмӕ-иу ын фысы йӕ дзыхӕй скъахтон. Йӕхи-иу мыл куы ӕрбаппӕрста, уӕд та йын-иу йӕ бинаг ӕфсӕрыл фӕхӕст дӕн, ӕрцӕфтӕ-иу ӕй кодтон ӕмӕ-иу ӕй ӕрбамардтон.


Дунедарӕджы Фидыды Чырын Израилы рӕсӕнуатмӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд адӕмӕн сӕ цины хъӕр афтӕ тынг ныййазӕлыд, ӕмӕ зӕхх ныррызти.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ