Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 14:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Фӕлӕ йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад загътой: «Ау, нӕ мыггаг ӕмӕ нӕ адӕмы ’хсӕн сылгоймӕгтӕ нал ис? Ӕнӕсунӕт филистимӕгтӕй ус ракурын цӕмӕн сфӕнд кодтай?» Самсон дзуапп радта: «Ракурут мын уыцы чызджы, мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 14:3
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иуахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Курын дӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм.


Авраам Авимелехӕн радта фыстӕ ӕмӕ стуртӕ, ӕмӕ бафидыдтой.


Загътой сын: «Нӕ бон уый бакӕнын нӕу. Худинаг у махӕн нӕ хойы ӕнӕсунӕт лӕджы фыццаг скӕнын.


Ма йӕ ской кӕнут Гаты, ма йӕ ахъӕр кӕнут Ашкелоны уынгты, цӕмӕй филистимаг чызджытӕ ма бацин кӕной — ӕнӕсунӕтты чызджытӕ ма ферайой.


Уӕ чъылдым Ӕм куы раздахат ӕмӕ, ардыгон адӕмтӕй уе ’хсӕн чи баззад, уыдонимӕ куы сӕмдзӕхдон уат, семӕ хӕстӕгиуӕг куы кӕнат ӕмӕ куы схӕццӕ уат,


Сӕхимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн загъта: «Тимнайы сахары иу филистимаг чызджы федтон, ӕмӕ мын ӕй ракурут».


Самсон дойныйӕ марди ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта: «Ды мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, балӕвар кодтай ацы стыр уӕлахиз. Уӕдӕ ныр дойныйӕ амӕлдзынӕн ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕтты къухтӕм бахаудзынӕн?»


Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл».


Давид йӕ цуры лӕуджыты бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы фидистӕй чи бахиза, уымӕн цавӕр хорзы бацыдӕуыдзӕн? Чи у, чи, уыцы ӕнӕсунӕт филистимаг, цы фидистӕ кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн?»


Домбайы дӕр ӕмӕ-иу арсы дӕр амардта дӕ цагъар, ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕт филистимаг дӕр ахӕрдзӕн уыдоны хал, уымӕн ӕмӕ фидис кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн».


Саул йӕ хотыхдарӕн загъта: «Дӕ кард слас ӕмӕ мӕ амар, науӕд ныртӕккӕ ацы ӕнӕсунӕттӕ ам ӕрбалӕудзысты, кард мӕ ныссадздзысты ӕмӕ мын мӕ удӕй фӕхъаздзысты». Фӕлӕ хотыхдар тынг фӕтарсти ӕмӕ йӕ коммӕ нӕ бакаст. Уӕд Саул йӕ карды фистон зӕхмӕ фӕбыцӕу кодта ӕмӕ йын йӕ фындзыл ӕрхауд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ