10 Ӕмӕ мӕнӕ Самсоны фыд чызджы хӕдзармӕ бацыди. Усгур лӕппуты ’гъдаумӕ гӕсгӕ Самсон уым куывд скодта.
Лаван ӕрхуыдта ӕппӕт сыхбӕсты дӕр ӕмӕ куывд скодта.
Куывд — ирхӕфсынӕн, сӕн — хъӕлдзӕг цардӕн, фӕлӕ сӕ дыууӕйыл дӕр ӕхца хардз кӕнын зонын хъӕуы.
Фынджы уагдар сӕнӕй куы ацахуыста, — ныр, кӕцӕй у, уый та нӕ зыдта, зыдтой йӕ ӕрмӕстдӕр, донгӕрзтӕй дон чи сӕвгӕдта, уыцы лӕггадгӕнджытӕ, — уӕд фӕдзырдта сиахсагмӕ
Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».
Фысымтӕ йӕ ӕрбацӕугӕ куы федтой, уӕд ын фынгӕмбӕлттӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз адӕймаджы ӕрбахуыдтой.
Самсон мыдӕй йӕ армы дзаг систа ӕмӕ дарддӕр хӕргӕ араст ис. Йӕ ныййарджыты куы баййӕфта, уӕд мыдӕй уыдонӕн дӕр авӕрдта, фӕлӕ сын, домбайы мардӕй йӕ кӕй систа, уый нӕ загъта.