32 Йеффай аммонӕгтӕм бабырста, ӕмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз радта.
ӕмӕ уӕлахизимӕ куы раздӕхон, уӕд Дын, мӕ хӕдзарӕй мӕ размӕ фыццаг чи рацӕуа, уый иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсдзынӕн!»
Аммонӕгты ссӕдз хъӕуы ныддӕрӕн кодта — Ароерӕй Миннит ӕмӕ Авел-Керамимы онг. Афтӕмӕй израилӕгтӕ аммонӕгтыл фӕуӕлахиз сты.
Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу Дунедарӕг израилӕгтӕн радта фӕтӕджы, цӕмӕй сӕ уый абырджытӕй фервӕзын кӕна.
Дунедарӕг-иу израилӕгтӕн ног фӕтӕджы куы радта, уӕд-иу йӕ фарсмӕ уыди Йӕхӕдӕг. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг тӕригъӕд кодта, се знӕгты ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ.
Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта.