Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕтӕгтӕ 11:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Дунедарӕджы Уд Йеффайыл ӕртыхсти. Галаад ӕмӕ Менассиайы зӕххыл ацыд, бахӕццӕ ис Мицпайы сахармӕ. Уырдыгӕй аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацыди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕтӕгтӕ 11:29
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

стӕй — Мицпа, уымӕн ӕмӕ ма Лаван йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Дунедарӕг Йӕ цӕст дарӕд нӕ дыууӕмӕ дӕр, кӕрӕдзийы куынӕуал уынӕм, уӕд.


Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти, фӕстӕдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджыны хистӕр чи сси, уыцы Амасайыл, ӕмӕ уый загъта: «Мах дӕу стӕм, Давид! Мах демӕ стӕм, Йессейы фырт! Фарн дӕм бадзурӕд, фарн бадзурӕд де ’ххуысгӕнджытӕм, — ауды дыл дӕ Хуыцау». Давидӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ сӕ йе ’фсадӕн хицӕуттӕй баурӕдта.


Дунедарӕг ӕврагъы раргом ис ӕмӕ ныхас кодта Моисеимӕ. Райста, цы Уд ыл уыдис, уымӕй ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕры схайджын кодта. Хистӕртӕ Удӕй куы схайджын сты, уӕд пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой, фӕлӕ сын уый бирӕ нӕ ахаста.


Аммонӕгтӕ хӕстмӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Галаады рӕсӕнуат скодтой. Израилӕгты рӕсӕнуат та уыди Мицпамӕ хӕстӕг.


Йеффай Галаады хистӕртимӕ рацыдис. Адӕм дзы сӕхицӕн фӕтӕг загътой. Мицпайы Йеффай Дунедарӕджы раз ногӕй фехъусын кодта сӕ бадзырд.


Аммоны паддзах Йеффайы ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта.


Йеффай Дунедарӕгӕн дзырд радта: «Аммонӕгты мын мӕ къухмӕ куы радтай


Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти Махане-Даны, Цора ӕмӕ Ештаолы ’хсӕн.


Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта.


Уӕд Гедеоныл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти. Гедеон сыкъауадындзӕй ныууасыд ӕмӕ Авиезеры фӕдонты хӕстмӕ рамбырд кодта.


Гевӕмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд амбӕлдысты пехуымпарты къордыл. Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Саулыл, ӕмӕ уый дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта.


Саул уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ыл Хуыцауы Уд ӕртыхст, ӕмӕ йӕ маст рафыхти.


Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ