11 Йеффай Галаады хистӕртимӕ рацыдис. Адӕм дзы сӕхицӕн фӕтӕг загътой. Мицпайы Йеффай Дунедарӕджы раз ногӕй фехъусын кодта сӕ бадзырд.
Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.
Дилан, Мицпе, Йоктеел,
Аммонӕгтӕ хӕстмӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Галаады рӕсӕнуат скодтой. Израилӕгты рӕсӕнуат та уыди Мицпамӕ хӕстӕг.
Йеффай аммонӕгты паддзахмӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм фарстимӕ: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй? Мӕ зӕхмӕ мын хӕстмӕ цӕмӕн цӕуыс?»
Дунедарӕджы Уд Йеффайыл ӕртыхсти. Галаад ӕмӕ Менассиайы зӕххыл ацыд, бахӕццӕ ис Мицпайы сахармӕ. Уырдыгӕй аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацыди.
Йеффай ӕрыздӕхтис йӕ хӕдзармӕ, Мицпайы сахармӕ. Йӕ размӕ, кафгӕ ӕмӕ дзӕнгӕрджытӕй цӕгъдгӕ, рацыди йӕ чызг. Уый уыдис йӕ иунӕг чызг, цотӕй йын ӕндӕр ницы уыди.
Израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр царди, стӕй Галаады цӕрджытӕ, — иууылдӕр иу лӕджы хуызӕн Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты.
Самуел Израилы адӕмы ӕрӕмбырд кодта Мицпамӕ, Дунедарӕджы размӕ.
Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ацыдысты Гилгалмӕ. Уым Дунедарӕджы раз Саулы расидтысты паддзахӕй ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрхастой фидыды нывӕндтӕ. Стыр цины бӕрӕгбон сарӕзтой уым Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ.
Самуел фӕхъуыста адӕмы ныхӕстӕм ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн рафӕзмыдта.