Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 9:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕз хохмӕ ссыдтӕн, цӕмӕй къӕйдуртӕ райсон — Дунедарӕг уемӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыды къӕйдуртӕ. Дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы арвыстон, хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 9:9
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Илийа сыстади, бахордта ӕмӕ бануӕзта. Уыцы хӕрд-нозт ын уыйас ахъаз фӕцис, ӕмӕ фӕцыди дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы, цалынмӕ Хуыцауы хохмӕ, Хоревмӕ, бахӕццӕ ис, уӕдмӕ.


Уый йын загъта: «Дӕ къух сӕм ма сис! Ау, дӕ кард ӕмӕ дӕ фаты фӕрцы сӕ райстай уацары, куыд сӕ хъуамӕ ныццӕгъдай? Фӕлтау сын хӕрд ӕмӕ нозт ӕрӕвӕр сӕ разы, ӕмӕ куы бафсӕдой, уӕд сӕ арвит сӕ паддзахмӕ».


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Ӕз дӕм ратдзынӕн, ацы адӕмӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ цы къӕйдуртыл ныффыстон, уыдон. Адӕмӕн-иу бацамон, цы сӕ домын, уый».


Уыйадыл Моисей хохы сӕрмӕ ссыд. Мигъ бадти хохыл:


Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.


Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.


Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».


Моисей Дунедарӕджы раз фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы. Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фӕци, нӕдӕр — доны хъӕстӕ. Къӕйдуртыл ныффыста Фидыды ныхӕстӕ — дӕс фӕдзӕхсты.


Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы ком фӕдардта ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг ис.


Ам фӕсномыг хъуыды ис. Уыцы сылгоймӕгтӕ дыууӕ фидыды амонынц: сӕ иу ӕрцыди Синайы хохӕй, ӕмӕ дзы райгуыры цагъартӕ — уый у Агар.


Фӕлвӕрдта уӕ Уый алы хуызты, стонг заман уын ӕвзарын кодта ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй никуы федтат, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта, цӕмӕй уын равдиса: айдагъ дзулӕй нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Дунедарӕджы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр.


Дыууиссӕдз боны ӕмӕ мын дыууиссӕдз ӕхсӕвы фӕстӕ Дунедарӕг радта дыууӕ къӕйдуры, фидыды къӕйдуртӕ.


Ӕз фӕзылдтӕн ӕмӕ хохӕй дӕлӕмӕ фӕцӕуӕг дӕн. Хох пиллонӕй сыгъди. Фидыды дыууӕ къӕйдурыл хӕцыдтӕн мӕ дыууӕ къухӕй.


Ногӕй та ныддӕлгом дӕн зӕххыл Дунедарӕджы раз; дыууиссӕдз боны ӕмӕ та дыууиссӕдз ӕхсӕвы хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй куывтон Дунедарӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут, фыдракӕнд сарӕзтат Йӕ разы, ӕмӕ уӕм смӕсты ис.


Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ