Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 9:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 цӕмӕй, Дӕ хъомысы руаджы кӕцӕй раирвӕзтыстӕм, уыцы бӕстӕйы цӕрджытӕ ма зӕгъой: ‚Дунедарӕг сын зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын сӕ Йӕ бон не сси. Ӕнӕуынон Ын уыдысты, ӕмӕ сӕ кӕнгӕ дӕр уымӕн ракодта, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры амара‘.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 9:28
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цӕмӕн Дӕ хъуамӕ зӕгъой мысырӕгтӕ, уыцы адӕмы сӕ фыдбылызӕн акодта Мысырӕй — хӕхты сӕ бабын кодта, зӕххы цъарӕй сӕ фесӕфта, зӕгъгӕ? Бауром Дӕ судзгӕ маст ӕмӕ Дӕ адӕмы бахиз фыдбылызӕй.


Фӕлӕ Мӕ номы сӕраппонд бакодтон ахӕм хъуыддаг, цӕмӕй Мын ма фауой Мӕ ном, кӕй ӕхсӕн цардысты, уыцы адӕмтӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыдоны раз раргом кодтон Мӕхи, Мысыры зӕххӕй сӕ ракӕныны охыл.


„Дунедарӕджы бон не сси ацы адӕмы, зӕрдӕ сын цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын, ӕмӕ сӕ уымӕн ныццагъта ӕдзӕрӕг быдыры“.


Уӕ цатырты бустӕ кодтат ӕмӕ дзырдтат: „Ӕнӕуынон стӕм Дунедарӕгӕн, ӕмӕ нӕ уымӕн ракодта Мысырӕй, цӕмӕй нӕ аморӕгты къухтӕм ратта ӕмӕ бабын уӕм.


фӕлӕ сыл се знӕгтӕ фӕхуддзысты. Фыдгултӕ сӕхицӕй ныхъхъал уыдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, уый дам сын Дунедарӕг нӕ, фӕлӕ мах бакодтам афтӕ.


Дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы хатырӕй фӕгӕдзӕ кӕн ацы ӕнӕсӕттон адӕмӕн, сӕ азым ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ныббар,


Ханаанӕгтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы иннӕ цӕрджытӕ ацы хабар фехъусдзысты ӕмӕ ныл ӕрхъула кӕндзысты, нӕ кой дӕр нын нал ныууадздзысты зӕххыл. Ӕмӕ уӕд Дӕ кадджын ном цӕсты бафтынӕй куыд бахиздзынӕ?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ