13 Дунедарӕг мын загъта: „Кӕсын ацы адӕммӕ, ӕмӕ сын басӕттӕн нӕй.
Уӕд Дунедарӕг ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ.
Ныццӕуон ӕмӕ фенон, Содомы тыххӕй Мӕм цы хъӕстытӕ ссыди, уыдон ӕцӕг сты ӕви нӕ. Базонон ӕй».
Фӕлӕ адон сӕ фыдӕлтау систы хиваст. Нӕ хъуыстой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, сӕ зӕрдӕ Йыл нӕ дардтой.
Тӕригъӕдджынӕй райгуырдтӕн, тӕригъӕдджынӕй сӕвзӕрдтӕн мӕ мады гуыбыны.
Быдыры цы къуыбыртӕ ис, уыдоныл дын Ӕз де ’нӕуаг митӕ, дӕ чъизи монцтӕ ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ уыдтон. О, додойаг фӕдӕ, Йерусалим! Дӕ чъизитӕй кӕд ссыгъдӕг уыдзынӕ?»
Ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзар хӕссы, уый, сымахмӕ гӕсгӕ, абырджыты лӕгӕт сси?! Ӕз уыдӕттӕ иууылдӕр уынын! — зӕгъы Дунедарӕг.
Израилы хӕдзары стыр диссӕгтӕ уынын: фехӕлди Ефрем, фӕчъизи ис Израил.
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уӕдӕ сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ уӕхи фӕнд мауал тӕрут.
уымӕн ӕмӕ ӕз хорз зонын, куыд хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон стут, уый. Цалынмӕ удӕгас дӕн ӕмӕ уемӕ дӕн, уӕдмӕ кӕм нӕ уисӕн кӕнут Дунедарӕгӕн, уым ма, куы амӕлон, уӕд та цы уыдзӕни?
Уӕдӕ зонут, раст адӕм кӕй стут, уый тыххӕй уын нӕ дӕтты Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы алӕмӕты бӕстӕ, уымӕн ӕмӕ сымах хивӕнд стут.