Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 9:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Байхъусут, израилӕгтӕ! Сымах ныр цӕут Иорданы фалемӕ, цӕмӕй, уӕхицӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны фӕсурат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, уӕларвмӕ чи ӕххӕссы, уыцы фидаргонд сахартӕ,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 9:1
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Загътой: «Цӕй ӕмӕ ном скӕнӕм нӕхицӕн — саразӕм сахар, уӕлӕрвтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм мӕсыгимӕ, цӕмӕй ӕгас зӕххы цъарыл ма ныххӕлиу уӕм».


Израилы адӕм бынӕй бирӕ фенхъӕлмӕ кастысты Моисейы ӕрыздӕхынмӕ хохӕй. Куынӕ ӕмӕ куынӕ зындис, уӕд ӕрӕмбырд сты Ааронмӕ ӕмӕ дзы ӕрдомдтой: «Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцау нын сараз, науӕд нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы лӕг — Моисей — цы баци, уымӕн ницы зонӕм».


ӕмӕ хъӕрӕй загъта: ‚Акалут бӕлас, йӕ къалиутӕ йын акъуырут, йӕ сыфтӕртӕ йын ныццӕгъдут, йӕ дыргътӕ йын ныппырх кӕнут фӕйнӕрдӕм! Уадз ӕмӕ сырдтӕ йӕ бынӕй алидзой ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиутӕй атӕхой.


Ӕз та сӕ сӕраппонд аморӕгты ныццагътон; нӕзытӕй бӕрзонддӕр, тулдз бӕлӕстӕй фидардӕр уыдысты, фӕлӕ сын Ӕз уӕле скуынӕг кодтон сӕ дыргътӕ, бынӕй — сӕ уидӕгтӕ.


Ӕрвыст лӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ ӕркастысты бӕстӕм — Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Лево-Хаматмӕ хӕстӕг Реховы онг.


«Фӕдзур израилӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъ: Иорданы сӕрты Ханааны бӕстӕм куы ахизат,


Кӕдӕм цӕуӕм мах? Не ’фсымӕрты ныхӕстӕй ныл тас бафтыди: уыцы адӕм махӕй бӕрзонддӕр ӕмӕ бӕзӕрхыгдӕр сты, сӕ сахартӕ та — арвмӕ чи фӕцыд, ахӕм фидӕрттӕ; уӕдӕ дзы Анакы байзӕддӕгты дӕр федтой“.


уӕд Уый уӕ цурӕй ацы адӕмты се ’ппӕты дӕр фӕсурдзӕн, уӕд басӕтдзыстут, нымӕцӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр кӕй не ’ййафут, уыцы адӕмты.


Уымӕн ӕмӕ сымах Иорданы сӕрты хизут, цӕмӕй уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕ уӕхи бакӕнат. Уӕхи йӕ бакӕндзыстут ӕмӕ дзы ӕрцӕрдзыстут,


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕм куы ахизат Иорданы фаллаг фарсмӕ, уӕд дзы стыр дуртӕ сӕвӕрут ӕмӕ сӕ чъырӕй сцӕгъдут.


Загътон уын ӕз уӕд: „Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, радта сымахӕн ацы зӕхх, цӕмӕй йӕ уӕхи бакӕнат. Уӕдӕ, хӕстхъомтӕ, араст ут уе ’фсымӕрты, израилӕгты, разӕй, гӕрзифтонгӕй.


Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.


цӕмӕй фӕсурат сӕ бӕстӕй, сымахӕй бирӕ фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны; цӕмӕй уӕ ӕрбакӕна сӕ зӕхмӕ ӕмӕ уын ӕй ратта исбонӕн, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах бакӕндзӕн, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм. Уым — стыр ӕмӕ дидинӕфтыд сахартӕ, сымах кӕй нӕ сарӕзтат;


Куы уӕ бакӕна Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, йӕ байсынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уырдӕм ӕмӕ куы фӕсура уӕ цурӕй, нымӕцӕй дӕр сымахӕй фылдӕр, хъаруйӕ дӕр сымахӕй ӕххӕстдӕр авд адӕмыхатты: хеттӕгты, гиргашӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, перизӕгты, хиввӕгты, евусӕгты,


цӕмӕй рӕсӕнуатыл ӕрзилой ӕмӕ адӕмӕн зӕгъой: «Уӕхицӕн фӕндаггаг хӕлц ӕрцӕттӕ кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахиздзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уый байсынмӕ».


Дунедарӕг сымах хуызӕн уыдонӕн дӕр цалынмӕ ӕнцой ӕрхӕсса, уӕдмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдонӕн цы зӕхх дӕтты, уый куы райсой уе ’фсымӕртӕ дӕр, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхут ӕмӕ уӕ исбон уыдзӕни, Дунедарӕджы цагъар Моисей уын Иорданӕй скӕсӕнӕрдӕм цы зӕхх радта, уый».


Гъемӕ мын ратт, уыцы заман мын Дунедарӕг зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕхбӕстӕ. Уӕд ӕй дӕхӕдӕг куы фехъуыстай: цӕрынц дзы Анакы байзӕддӕгтӕ, сӕ сахартӕ стыр сты, алырдыгӕй — бырутӕй ӕхгӕд. Чи зоны, ӕмӕ мын Дунедарӕг ахъаз бакӕна, ӕмӕ сӕ Йӕ дзырдмӕ гӕсгӕ уырдыгӕй фӕсурон».


Адӕм сӕ цатыртӕ систой ӕмӕ фаллаг фарсмӕ бахизыны фӕндӕй Иорданы былмӕ сӕ ных сарӕзтой. Сауджынтӕ Фидыды Чырынимӕ цыдысты сӕ разӕй.


афтӕ дӕрддзӕф ран (Царетаны фарсмӕ Адамы сахары цур), Иорданӕн йӕ гуырӕнтӕй цыдӕриддӕр дон кӕлы, уый ауӕзтау ӕрлӕууыд, ӕмдзӕхгӕр сис фестади. Дӕлӕрдӕм, Мард денджызмӕ цы дон калди, уый фӕцыдӕр ис, байсыст. Ӕмӕ адӕм доны фаллаг фарсмӕ ахызтысты Йерихоны бакомкоммӕ.


Сауджынтӕн дӕр бафӕдзӕхста: «Фидыды Чырын сисут ӕмӕ адӕмӕн сӕ разӕй цӕугӕут». Сауджынтӕ систой Фидыды Чырын ӕмӕ адӕмӕн сӕ разӕй ӕрлӕууыдысты.


Адӕм Иорданы сӕрты ахызтысты фыццаг мӕйы дӕсӕм бон ӕмӕ рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты Гилгалы, Йерихоны бӕстӕйы скӕсӕйнаг арӕныл.


ӕмӕ сын загъта: «Цӕугӕут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Фидыды Чырынмӕ, Иорданы бӕстастӕумӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр, Израилы хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ, фӕйнӕ дуры сисӕд йе уӕхскмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ