8 мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхоры, сӕнӕфсир, легъуи ӕмӕ гранатты, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ мыды чыргъӕдты бӕстӕм;
Иудӕ йӕ къӕлӕуы сӕнӕфсиры зӕнгыл бӕтдзӕнис, талаты хуыздӕрыл бӕтдзӕни йӕ къӕлӕуы. Ӕнхъӕвздзӕн йӕ пӕлӕз сӕнӕфсиры доны, сӕнӕфсиры туджы ӕнхъӕвздзӕни йӕ дарӕс.
Дуаргӕрон хор цы сылгоймаг ӕвзӕрста, уый афынӕй ӕмӕ Рехав ӕмӕ йе ’фсымӕр Баанайы нӕ бафиппайдта.
Соломон дӕр ӕрвылаз Хирамы хӕдзарӕн ӕрвыста ссӕдз мин коры мӕнӕу ӕмӕ ссӕдз коры сыгъдӕг оливӕйы сой.
цалынмӕ уӕм ӕрбацӕуон ӕмӕ уӕ акӕнон уӕ зӕххы халдих зӕхмӕ, дзул ӕмӕ сӕн, дыргътӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ мыд кӕм ис, уыцы зӕхмӕ. Ӕмӕ уӕд сӕрӕгасӕй баззайдзыстут, нӕ амӕлдзыстут. Ма хъусут Езекиамӕ: Дунедарӕг уӕ фервӕзын кӕндзӕн, зӕгъгӕ уын кӕй зӕгъы, уымӕй уӕ сайгӕ кӕны.
Фӕлӕ мингай сӕнӕфсиры талатӕ цы бынӕтты рӕзыд — алы тала дӕр — ӕвзисты къӕртты аргъ — уым уыцы заман ӕрзайдзӕни какон сындзытӕ ӕмӕ бӕхгӕрдӕг.
Ӕз уӕ бакодтон сойджын зӕхмӕ, цӕмӕй йын бафсӕдат йӕ хор ӕмӕ йӕ фарнӕй, сымах та Мын Мӕ зӕхмӕ бацыдыстут ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтат, сӕлгъаг Мын кодтат Мӕ исбон!
Уыцы адӕм дын аныхъуырдзысты дӕ тыллӕг ӕмӕ дӕ хор, дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, дӕ фысты ӕмӕ дӕ галты, дӕ сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ дӕ легъуи бӕлӕстӕ. Бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ — ныфсджын кӕмӕй дӕ, уыдон — ныддӕрӕн кӕндзысты кардӕй.
Демӕ базар кодтой Иудей ӕмӕ Израил. Дӕ базайрӕгты ныхмӕ дын лӕвӕрдтой Миннитӕй ласт мӕнӕу, легъуитӕ, мыд, оливӕйы сой ӕмӕ ӕвдадз.
Зӕхх ратдзӕнис хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой. Ӕмӕ афтӕмӕй дзуапп ратдзынӕн Изреелӕн.
Уый нӕ зыдта, Ӕз ын кӕй лӕвӕрдтон хӕринаг, сӕн ӕмӕ сой, ӕнӕнымӕц ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, уый та Баалы гуымиры сарӕзта.
Алчи ӕнӕмӕтӕй улӕфдзӕни йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын, ничиуал никӕй ӕфтаудзӕни тасы, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Легъуи бӕлас дидинӕг куынӕ ракала, сӕнӕфсиры талайыл дыргъ куынӕуал фӕзына, куы ницы ’рзайа оливӕ бӕлӕстыл, хуымтӕ дӕр тыллӕг куынӕ раттой, фосдоны куынӕуал баззайа фыс, скъӕты — стурвос,
Негевыл ахызтысты ӕмӕ Хевронмӕ, Анакы байзӕддӕгтӕ Ахиман, Шешай ӕмӕ Талмай кӕм цардысты, уырдӕм бахӕццӕ сты. (Хеврон та Мысыры сахар Цоанӕй авд азы раздӕр сырӕзт.)
Ӕрӕмбырд сӕ кодтой ӕмӕ, фондз хъӕбӕрхоры кӕрдзынӕй цы баззад, уыдонӕй байдзаг кодтой дыууадӕс чыргъӕды — хӕрды уӕлдӕйттӕ.
«Ам иу лӕппумӕ ис фондз хъӕбӕрхоры кӕрдзыны ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уый цы фаг у уый бӕрц адӕмӕн?»
Систа сӕ Уый зӕххы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ сӕ быдыры тыллӕгӕй хаста, айнӕгӕй сын мыд лӕмӕрста, къӕдзӕхӕй — оливӕйы сой,
ӕхсырысӕртӕ, сӕгъы ӕхсыр сын дардта, башайнаг нард стуртӕ ӕмӕ фысвосы фыдӕй, ӕвзаргӕ мӕнӕуӕй сӕ хаста, сӕнӕфсиры тугӕй сын сӕ дойны уагъта.
Уӕдӕ байхъусут, израилӕгтӕ, ӕмӕ архайут уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл, цӕмӕй райгонд уат ӕмӕ сбирӕ уат, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн ныфс кӕмӕй бавӕрдта, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, ууыл.
Уымӕн ӕмӕ уӕ диссаджы бӕстӕм кӕны Дунедарӕг, уӕ Хуыцау: бирӕ цӕугӕдӕттӕ кӕм ис, йӕ хӕхтӕ ӕмӕ йӕ дӕлвӕзты суадӕттӕ кӕмӕн абузынц;
къӕбӕрцух кӕм нӕ уыдзыстут, хъуаг кӕм ницӕмӕй ӕййафдзыстут, ахӕм бӕстӕм; йӕ дурты ӕфсӕйнаг кӕмӕн ис, йӕ хӕхты ӕрхуы кӕмӕн амал кӕндзыстут, ахӕм бӕстӕм.