Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 8:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уӕдӕ ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йӕ фӕндӕгтыл цӕут, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас уӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 8:6
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уадз ӕмӕ Дӕ тӕрсой ӕмӕ цӕрӕнбонты Дӕ фӕндӕгтыл цӕуой, цалынмӕ, кӕддӕр нӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх радтай, ууыл цӕрой, уӕдмӕ.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Ме ’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, — зӕгъӕд Израил, —


Ахуыр сӕ кӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йе ’гъдӕуттыл, амон сын, цавӕр фӕндӕгтыл цӕугӕ сын у ӕмӕ сын цавӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмбӕлы, уыдӕттӕ.


Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Тӕхуды, сӕ зӕрдӕты ӕцӕгдӕр тас куы уаид Мӕнӕй, ӕмӕ Мын кӕддӕриддӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕниккой, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр амондджын уой мыггагмӕ!


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы фӕндӕгтыл цӕуын бафӕдзӕхста, уыцы фӕндӕгтыл цӕут, цӕмӕй сӕрӕгас ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй бирӕ фӕцӕрат, уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Уӕдӕ фидарӕй зонут, лӕг йӕ фырты раст фӕндагыл куыд араза, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, раст фӕндагыл цӕуын ахуыр кӕны сымах дӕр.


Уымӕн ӕмӕ уӕ диссаджы бӕстӕм кӕны Дунедарӕг, уӕ Хуыцау: бирӕ цӕугӕдӕттӕ кӕм ис, йӕ хӕхтӕ ӕмӕ йӕ дӕлвӕзты суадӕттӕ кӕмӕн абузынц;


Ӕрмӕст тӕрсут Дунедарӕгӕй, рӕстӕй, зӕрдиагӕй Йын кувут. Уӕ зӕрдыл дарут, цы стыр хӕрзты уын бацыд, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ