4 Уыцы дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ дарӕс дӕр нӕ лӕзӕрыди, уӕ къӕхтӕ дӕр нӕ рӕсыдысты.
Дыууиссӕдз азы сӕ фӕхастай ӕдзӕрӕг быдыры, хъуаг ницӕмӕй ӕййӕфтой. Сӕ дарӕс нӕ ихсыди, сӕ къӕхтӕ нӕ рӕсыдысты.
Цалынмӕ израилӕгтӕ Ханаанмӕ нӕ бахӕццӕ сты, уӕдмӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры маннӕйӕ цардысты.
Уӕ цот дыууиссӕдз азы дӕргъы ацы ӕдзӕрӕг быдыры фосы фӕстӕ рахау-бахау кӕндзысты ӕмӕ уын уӕ тӕригъӕд фиддзысты, цалынмӕ ма уӕ иу дӕр удӕгас уа, уӕдмӕ.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“.
Дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, фӕлӕ уӕ дарӕс дӕр нӕ баихсыди уӕ уӕлӕ, ӕмӕ уӕ дзабыртӕ дӕр нӕ баихсыдысты уӕ къӕхтыл.