17 Афтӕ ма ’нхъӕлут, ӕмӕ уӕхи уды фыдӕбон ӕмӕ уӕхи хъаруйӕ самал кодтат ӕппӕт ацы мулк.
куы цин кодтаин мӕ бирӕ мулкыл, мӕ къухты бӕркадыл;
Ды дӕ ӕппӕт адӕмӕй хуыздӕр, Дӕ дзыхӕй фарн кӕлы, — Хуыцау Дын арфӕ ракодта ӕнусмӕ.
агурынӕн ӕмӕ, цы фесӕфтис, уый фӕдыл мауал зилынӕн; бавӕрынӕн ӕмӕ аппарынӕн;
Ноджы ма иу хъуыддаг федтон зӕххыл: тагъд чи згъоры, уый дугъы уӕлахиз нӕ кӕны; хӕсты, тыхджын чи у, уый нӕ рамбулы; куырыхонтӕм хойраг нӕй, зонджынтӕм — мулк; курдиат кӕмӕ ис, уымӕн аргъ ничи кӕны. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр фадат.
Фехъусын сын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Адӕмы мӕрдтӕ, быдырты цы фаджыс фӕлӕзӕры, хуымгӕрдӕг йӕ фӕстӕ цы мӕнӕуы куыристӕ ныууадзы, уыдонау зӕххыл лӕзӕрдзысты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый нӕ уыдзӕн».
Сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ хорз кӕй арӕхстӕ, уый фӕрцы сбирӕ кодтай дӕ исбон ӕмӕ дӕ бирӕ исӕй схъал дӕ.
ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“
Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.
Ефрем та дзуры: «Схъӕздыг дӕн ӕз, бирӕ мулк ӕрӕмбырд кодтон, фӕлӕ мӕ къухы цыдӕриддӕр бафтыд — ницы фыдракӕнд, ницы тӕригъӕд мӕм ис!»
Йӕ ахсӕн хызтӕн хӕссы нывӕндтӕ ӕмӕ сын буд судзы, уымӕн ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы у фыр хъӕздыг, дзаджджын сты йӕ фынгтӕ.
Дӕу уӕлдӕр чи ӕвӕры? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дын Хуыцауӕй лӕвӕрд нӕу, ӕви? Ӕмӕ дын кӕд Хуыцауӕй лӕвӕрд у, уӕд дӕхицӕй, цыма дӕхи у, афтӕ цы ӕппӕлыс?
Чи зоны, сымах ахъуыды кӕнат, ацы адӕмтӕ махӕй фылдӕр куы сты, уӕд сын мах куыд байсдзыстӕм сӕ зӕхх, зӕгъгӕ,
Фӕлӕ сӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ разӕй куы фӕсура, уӕд уӕм уӕ зӕрдӕ афтӕ ма сдзурӕд: „Рӕстгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ ӕрбакодта Дунедарӕг ардӕм, цӕмӕй ацы бӕстӕ бацахсӕм“. Уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндты тыххӕй суры Дунедарӕг уыцы адӕмты уӕ цурӕй.
Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Демӕ ӕгӕр бирӕ адӕм ис, мидианӕгты уын басӕттын нӕ бауадздзынӕн, уымӕн ӕмӕ уӕд израилӕгтӕ фестырзӕрдӕ уыдзысты, нӕхи хъарутӕй не знӕгтыл фӕуӕлахиз стӕм, зӕгъгӕ.
Дунедарӕг смӕгуыр кӕны ӕмӕ сбонджын кӕны, ӕрныллӕг кӕны ӕмӕ сбӕрзонд кӕны.
Фӕлӕ Давид загъта: «Афтӕ ма кӕнут, ме ’фсымӕртӕ — Дунедарӕг нын ралӕвар кодта ацы ӕфтиаг. Уый нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ нын нӕ къухтӕм радта, чи нӕм ӕрбалӕбурдта, уыдоны.