12 Уе стонг куы басӕттат, хорз хӕдзӕрттӕ куы саразат ӕмӕ уыл цард куы ’рхӕца,
цӕмӕй, куы фелгъӕд уон, уӕд Дӕ ма ферох кӕнон ӕмӕ афтӕ ма зӕгъон: «Дунедарӕг та чи у?»; цӕмӕй фыр мӕгуырӕй давын ма райдайон ӕмӕ Дын Дӕ ном ма сӕгад кӕнон.
Стыр хъуыддӕгтӕ мын бантысти: мӕхицӕн хӕдзӕрттӕ самадтон, скодтон сӕндӕттӕ,
Уыдон зӕгъынц, „Хӕдзӕрттӕ аразыны афон тагъд нӕма ӕрцӕудзӕн. Ацы сахар у аг, мах та — дзидза“.
Сымах мӕгуырты ӕфхӕрут, гӕртамӕн сӕ исут хор. Афтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй, уӕхицӕн лӕгъз дуртӕй хӕдзӕрттӕ куы самайат, уӕд дӕр дзы нӕ фӕцӕрдзыстут; диссаджы сӕндӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзыстут.
Ӕмӕ сымахӕн та уӕ хорз хӕдзӕртты цӕрын афон у, ацы хӕдзар заууатмӕ куы ’рцыди, уӕд?»
Афтӕ уыди Лоты заманы дӕр: адӕм хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой, арӕзтой.
Алцыдӕр уӕм парахатӕй куы уыди, уӕд цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ уӕ Хуыцауӕн кӕй нӕ лӕггад кодтат,
Сӕ фыдӕлтӕн куыд басомы кодтон, афтӕ сӕ Ӕз, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ, ӕххормаг цы у, уый куынӕуал зоной ӕмӕ сыл хуыз куы фӕхӕца, уӕд ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхдзысты ӕмӕ уыдонӕн лӕггад кӕндзысты, Мӕн та ферох кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.
Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах бакӕндзӕн, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм. Уым — стыр ӕмӕ дидинӕфтыд сахартӕ, сымах кӕй нӕ сарӕзтат;
уе стуртӕ ӕмӕ фысвосӕн сӕ нымӕц куынӕуал зонат, ӕвзист ӕмӕ уӕм сыгъзӕрин куы сбирӕ уой, алцыдӕр уӕм бирӕ куы уа,