Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Фӕлтау сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕнут, сӕ табуйаг дуртӕ сын ныссӕттут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалут, сӕ гуымирыты сын арты хай бакӕнут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:5
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Баалы кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рахастой гуымирыты ӕмӕ сӕ басыгътой.


Филистимӕгтӕн сӕ хуыцӕуттӕ уым дзӕгъӕлӕй баззадысты, ӕмӕ сӕ Давид арты басудзын кодта.


Уый фехӕлдта ӕцӕгӕлон хуыцӕутты нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ сын сӕ кувӕн къуыбыртӕ ныппырх кодта, ныссаста сын сӕ табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Сымах-иу сын се ’наккаг митӕ ма бафӕзмут: сӕ хуыцӕуттӕм сын мадӕр кувгӕ кӕнут, мадӕр сын лӕггад кӕнут. Сфӕлдахут сын сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сын ныппырх кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ.


Джиппыуагъд уӕныджы арты басыгъта, йӕ сыгъдон ын лыстӕг ныммур кодта ӕмӕ йӕ доны ныккалдта, стӕй уыцы дон израилӕгтӕн бануазын кодта.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Нал бакӕсдзӕн, йӕхӕдӕг кӕй сарӕзта, уыцы нывондхӕссӕнтӕм, йӕхи къухӕй кӕй скодта, уыцы Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ будсудзӕнтӕм.


Уӕхицӕн гуымирытӕ ма аразут, хуыцаугӕндтӕ, табуйаг дурцӕджындзтӕ ӕмӕ нывӕфтыд дуртӕ ма ӕвӕрут, цӕмӕй сӕм куват, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


уӕд ын йӕ цӕрджыты се ’ппӕты дӕр фӕсурут уырдыгӕй, ныффалгӕрон сын кӕнут сӕ хуыцаугӕндты нывтӕ ӕмӕ джиппыуагъд сурӕттӕ, сӕ кувӕн къуыбыртӕ сын иууылдӕр сӕмлӕгъз кӕнут.


Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, цы нывондхӕссӕн саразай, уый раз Ашерӕйы цӕджындз ма ныссадз.


Табуйаг дур дӕр ма сӕвӕр — уыдӕттӕ ӕнӕуынон сты Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.


Арты хай сын бакӕнут сӕ гуымирыты, фӕлӕ сыл цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ис, уыдонмӕ ма бабӕллут ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ма райсут: цъысымы бахаудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый ӕлгъаг у Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.


Уӕ тӕригъӕд — кӕй сарӕзтат, уыцы гуымирыйы — ӕз арты хай бакодтон, фӕнык ӕй фестын кодтон ӕмӕ уыцы фӕнык, хохы сӕрӕй цы дон цыд, уым бакалдтон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ