Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Арты хай сын бакӕнут сӕ гуымирыты, фӕлӕ сыл цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ис, уыдонмӕ ма бабӕллут ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ма райсут: цъысымы бахаудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый ӕлгъаг у Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:25
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Табуйаг дуртӕ тӕгӕлтӕ фӕхауын кодта ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдта. Кӕм уыдысты, уыцы бынӕттӕ мӕрдты стджыты бын фӕкодта.


Филистимӕгтӕн сӕ хуыцӕуттӕ уым дзӕгъӕлӕй баззадысты, ӕмӕ сӕ Давид арты басудзын кодта.


Ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ, искӕмӕн ма бабӕлл нӕдӕр йӕ усмӕ, нӕдӕр — йӕ цагъармӕ, нӕдӕр — йӕ галмӕ, нӕдӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл».


Джиппыуагъд уӕныджы арты басыгъта, йӕ сыгъдон ын лыстӕг ныммур кодта ӕмӕ йӕ доны ныккалдта, стӕй уыцы дон израилӕгтӕн бануазын кодта.


Моисей йын дзуапп радта: «Уымӕн гӕнӕн нӕй. Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, цы нывонд ӕрхӕссинаг стӕм, уый мысырӕгтӕ банымайдзысты ӕлгъагыл. Уыдоны цӕстыты раз куы ӕрхӕссӕм нӕ нывонд, уӕд нӕ дурты бын фӕкӕндзысты.


Уӕд уын фенад уыдзысты уе ’взистахуырст гуымирытӕ, стӕй зӕриндонытылд гуымирытӕ. Ӕлгъыст фӕут, зӕгъгӕ, зӕгъдзыстут ӕмӕ сӕ фехсдзыстут бырӕттау.


Фӕлӕ сымах уӕхӕдӕг дӕр ницы стут, ӕмӕ уӕ митӕ дӕр ницы сты. Чи уӕ нымайы, уый та ӕлгъаг у.


Дарӕс, къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацыл, науӕд цыфӕнды сӕрак дзаумайыл ахӕм тӕпп куы уа, уӕд уый тӕссаг хъуына у. Ахӕм дзаума басудзын хъӕуы.


Гуымирытӕм уе ’ргом ма здахут ӕмӕ уӕхицӕн джиппыуагъд гуымирытӕ ма аразут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


адӕм ӕмӕ фосы мыггаг сыскъуыйын кӕндзынӕн, уӕларвон мӕргъты ӕмӕ денджызы кӕсӕгты ныццӕгъддзынӕн, ӕнӕхуыцӕутты афӕлдахдзынӕн зӕххыл, адӕймагӕн зӕххыл йӕ кой дӕр нал ныууадздзынӕн.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын ныппырх кӕнут, табуйаг дурцӕджындзтӕ афадут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ арты хай бакӕнут, сӕ гуымирытӕ сын ныззыгуым кӕнут, сӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа уыцы рӕтты.


Йӕ фӕллой йын фӕзы астӕумӕ ӕрӕмбырд кӕн ӕмӕ йӕ басудз иууылдӕр — Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, иууылсудзинаг нывондӕн. Сахар мыггагмӕ хӕлддзӕгты кӕри фестӕд ӕмӕ ногӕй арӕзт макуыуал ӕрцӕуӕд.


Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, сахъат стуртӕ кӕнӕ фысвосӕй нывонд ма хӕсс — ӕлгъаг ми у уый Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы цӕсты.


Хӕтаг сылы ӕфтиаг дӕр ӕмӕ куыдзы аргъ дӕр мацы сомымӕ гӕсгӕ бахӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕ дыууӕ дӕр ӕлгъаг сты Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн.


„Ӕлгъыст фӕуӕд, Дунедарӕгӕн ӕлгъаг чи у, ахӕм гуымиры чи сараза, ӕрмдӕсныйы конд гуымиры сусӕгӕй чи сӕвӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


Ӕмӕ ныццӕгъддзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы адӕмты. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма лӕггад кӕнут — цъысымы бахаудзыстут.


Фӕлтау сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕнут, сӕ табуйаг дуртӕ сын ныссӕттут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалут, сӕ гуымирыты сын арты хай бакӕнут.


Фӕлӕ израилӕгтӕ, ӕлгъыстаг дзауматы тыххӕй цы бафӕдзӕхстӕуыд, уый нӕ сӕххӕст кодтой. Зарахы байзӕддаг, Завдийы фырты фырт, Кармийы фырт Ахан, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй, рахаста, ӕлгъыстаг цы уыд, уыдонӕй, ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд израилӕгтӕм.


цы ӕфтиаг райстам, уый ӕхсӕн федтон шинараг пӕлӕз — ӕвӕджиауы рӕсугъд, стӕй дыууӕсӕдӕ шекелы ӕвзист, дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы бӕрц та сыгъзӕрины къӕртт. Тынг сӕм бацыбӕл дӕн ӕмӕ сӕ райстон. Ныр ӕмбӕхст сты мӕ цатыры, зӕххы бын; ӕппӕты бынӕй — ӕвзист.


Йӕ тӕрныхыл фыст уыди, сусӕг нысаниуӕг кӕмӕн ис, ахӕм ном: «Стыр Вавилон, хъахбайты ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ