Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Сӕ паддзӕхты уын уӕ къухмӕ ратдзӕн, ӕмӕ сын сӕ кой дӕр фесафдзыстут арвы бынӕй. Ничи фӕлӕудзӕн уӕ ныхмӕ, се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзыстут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:24
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕн ӕмӕ мын Ды мӕ хъаст равзӕрстай. Дӕ къӕлӕтджыны ӕрбадгӕйӕ, Ды раст тӕрхон рахастай, о раст Тӕрхонгӕнӕг!


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».


Рӕстуды арфӕгондӕй мысдзысты, тӕригъӕдджынӕн йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.


Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Зӕгъут сын: «Арв ӕмӕ зӕхх цы гуымирытӕ не сфӕлдыстой, уыдон фӕдӕлдзӕх уыдзысты».


Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕм дӕр Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн, Баалӕй сӕм цыдӕриддӕр баззад, уыдон иууылдӕр фесафдзынӕн, суанг йӕ дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ йӕ сауджынты нӕмттӕ дӕр:


Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм нӕ Бауарзӕджы хъаруйӕ.


Бузныг Хуыцауӕй — Уый нын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы руаджы дӕтты уӕлахиз!


Ничи фӕлӕудзӕн уӕ ныхмӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ; тас ӕфтаудзӕн, кӕдӕм бацӕуат, уыцы бӕстӕтӕй алкӕуыл дӕр, ӕмӕ ӕмризӕджы риздзысты уӕ разы.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах куы фервӕзын кӕна уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ уын исбонӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл уӕ куы ’рбынӕттон кӕна, уӕд-иу уӕ ма ферох уӕнт амалекӕгтӕ — сӕ кой дӕр-иу сын фесафут зӕххыл.


Ахӕм адӕймагӕн Дунедарӕг нӕ ныххатыр кӕндзӕн, Йӕ маст пиллон артау ссудздзӕн уыцы адӕймагмӕ, ацы чиныджы ӕлгъыстытӕ йыл ӕрцӕудзысты, ӕмӕ арвы бын йӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн.


Бауадз Мӕ, ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон, арвы бын сын сӕ кой фесафон. Дӕуӕй та, уыдонӕй фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи уа, ахӕм адӕмы мыггаг рантысын кӕндзынӕн“.


Уӕдӕ ныр зонут: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ разӕй зынгирвӕзтау цӕуы. Уый сӕ ныццӕгъддзӕн ӕмӕ сӕ басӕтдзӕн уӕ разы. Фӕсурдзыстут сӕ, Дунедарӕг уын куыд загъта, афтӕ сӕ рӕхджы скуынӕг кӕндзыстут.


Цард-цӕрӕнбонты дӕ ныхмӕ ничи фӕлӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ ауддзынӕн дӕуыл дӕр. Мӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзынӕн, нӕ дӕ ныууадздзынӕн.


Ӕмӕ йӕм ӕрбакодтой Йерусалимы паддзахы, Хевроны паддзахы, Йармуты паддзахы, Лахишы паддзахы ӕмӕ Еглоны паддзахы.


Афтӕмӕй Йешуа ныффалгӕрон кодта ӕгас бӕстӕ дӕр: уӕлхох ӕмӕ йе скӕсӕйнаг фӕхстӕ, Шефела ӕмӕ Негев сӕ паддзӕхтимӕ. Цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис — бабын сӕ кодта, аирвӕзыны фадат дзы никӕмӕн радта, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Иу ныббырстӕй Йешуа басаста ӕппӕт паддзӕхты дӕр ӕмӕ сын бацахста сӕ зӕххытӕ. Уый Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцыд Израилы адӕмы сӕрыл.


Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Ма сӕ фӕтӕрс. Ӕз дын сӕ дӕ къухтӕм ратдзынӕн. Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын сӕ никӕй бон бауыдзӕн».


Сӕ арӕнтӕ хуссарӕрдӕм аххӕссыдысты Сеиры бӕстӕйы фарсмӕ Халакы хохы онг, цӕгатӕрдӕм та — Ливаны дӕлвӕзы Ермоны хохрӕбын Баал-Гады онг. Йешуа сын сӕ паддзӕхты ӕрцахста ӕмӕ амардта.


Тирцайы паддзах — ӕдӕппӕт иуӕндӕс ӕмӕ ссӕдз паддзахы.


Дунедарӕг сын удӕнцой цард радта алырдыгӕй дӕр, сӕ фыдӕлтӕн ард куыд бахордта, афтӕ. Сӕ фыдгултӕй иунӕджы бон дӕр сӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ бацис. Иууылдӕр сын сӕ Дунедарӕг радта сӕ къухтӕм.


Сымах иууылдӕр федтат, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, амы адӕмтӕн уӕ цӕстыты раз цытӕ бакодта, уый, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг хӕцыди уӕ сӕрыл.


Дунедарӕг уын уӕ цурӕй фӕсырдта стыр ӕмӕ домбай адӕмты, ӕмӕ абоны онг уӕ ныхмӕ фӕлӕууыны хъару никӕцы адӕммӕ разынд.


Хӕстхъом уӕ чидӕриддӕр у, уыдон ӕхсӕз боны дӕргъы сахары алыварс алы бон дӕр иу зылд кӕнӕнт.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ