Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 уӕхи цӕстӕй кӕй федтат, уыцы стыр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах Йӕ базыры бын куыд бакодта ӕмӕ уӕ Йӕ хъомысджын къухы руаджы куыд фервӕзын кодта, афтӕ та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, схос кӕндзӕн, сымах кӕмӕй тӕрсут, уыцы адӕмтӕн дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:19
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ кард Дӕ фарсыл ӕрбабӕтт, Хъомысджын, Дӕ уӕлӕ ’ркӕн Дӕ кад ӕмӕ Дӕ хъомыс,


Сӕ фыдӕлты цӕсты раз Уый диссӕгтӕ сарӕзта Мысыры, Цоаны фӕзы:


Мӕ номӕй зӕгъ израилӕгтӕн: „Ӕз — Дунедарӕг, ракӕндзынӕн уӕ Мысыры ӕфсондзы бынӕй, суӕгъд уӕ кӕндзынӕн цагъары къӕлӕтӕй. Ме стыр хъомысы фӕрцы уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уе ’фхӕрджыты та уын бафхӕрдзынӕн.


Сымах уӕхи цӕстӕй федтат уыцы стыр фыдӕвзарӕнтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ.


Йешуайӕн дӕр загътон уӕд: „Дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы дыууӕ паддзахӕн цытӕ бакодта, уый. Ды цы паддзахӕдты сӕрты фӕцӕйцӕуай, уыдонӕн се ’пӕттӕн дӕр Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн.


Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.


Йешуа сын ноджыдӕр загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут! Уӕ ныфс макуы асӕттӕд! Фидар лӕуут ӕмӕ ма фӕцудут! Уӕ фыдгултӕй кӕимӕфӕнды дӕр куы схӕцат — адонау сӕ бафхӕрдзӕни Дунедарӕг».


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг мах Хуыцау у, Уый ракодта мах дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлты дӕр Мысыры зӕххӕй, цагъайраджы ӕфсондзы бынӕй, ӕмӕ нын равдыста стыр диссӕгтӕ. Фӕндагыл нӕ хъахъхъӕдта райдайӕнӕй кӕронмӕ. Хъахъхъӕдта нӕ, цы адӕмты зӕххыл-иу цыдыстӕм, уыдоны фыдӕхӕй дӕр.


Ноджы ма сын загъта: «Цы диссаг ӕрцӕуа, уымӕй базондзыстут, уе ’хсӕн кӕй ис удӕгас Хуыцау ӕмӕ уын уӕ разӕй кӕй атӕрдзӕн ханаанӕгты дӕр, хеттӕгты дӕр, хиввӕгты дӕр, периззӕгты дӕр, гиргашӕгты дӕр, аморӕгты дӕр, йевусӕгты дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ