Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Ӕмӕ ныццӕгъддзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы адӕмты. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма лӕггад кӕнут — цъысымы бахаудзыстут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 7:16
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

йӕ цӕрджыты ӕнӕраст миты тыххӕй цӕхбын фесты бӕзнаг мӕр.


Ӕмӕ уыцы ран Хуыцау ӕрцӕрын кӕны, уымӕй размӕ сыдӕй чи марди, уыцы адӕмы. Ӕмӕ дзы уыдон сӕхицӕн саразынц сахартӕ,


Уыцы адӕмтӕ хъуамӕ ма цӕрой сымах зӕххыл, науӕд уӕ фӕтӕригъӕдджын кӕндзысты — Мӕ ныхмӕ уӕ сардаудзысты. Уыдоны хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнгӕйӕ, сымах цъысымы бахаудзыстут».


Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.


Ацы бӕстӕйы цӕрджыты куынӕ фӕсурат уӕ цурӕй, уӕд та, кӕй дзы ныууадзат, уыдон уӕ цӕстытӕн какон сындзытау уыдзысты, уӕ фӕрстӕ уын судзинтау рӕхойдзысты, цы бӕстӕйы ӕрцардыстут, уым уӕ тыхсын кӕндзысты.


Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».


ма сразы у йемӕ, ма йӕм хъус, ма йын тӕригъӕд кӕн, ма йыл ауӕрд ӕмӕ йӕ ма раст кӕн.


Амар ӕй! Фыццаг цӕф ыл дӕхи къухӕй ӕрцӕуӕд, уый фӕстӕ та йӕ цӕвӕнт иннӕ адӕм!


Ма йын батӕригъӕд кӕнут! Ӕнаххос туг ныккалыны азарӕй бахизут Израилы, ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзыстут.


Ма батӕригъӕд кӕн: уды ныхмӕ — уд, цӕстӕн — цӕст, къухӕн — къух, къахы ныхмӕ — къах!


уӕд, дӕ цӕст дӕр ма фӕныкъул, афтӕмӕй йын йӕ къух атӕхын кӕн.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдоны уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ куы ныддӕрӕн кӕнат, уӕд-иу сӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут, семӕ-иу фидыд ма саразут, удӕгасӕй дзы макӕй ныууадзут.


Арты хай сын бакӕнут сӕ гуымирыты, фӕлӕ сыл цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ис, уыдонмӕ ма бабӕллут ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ма райсут: цъысымы бахаудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый ӕлгъаг у Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.


Уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмты зӕрдӕйы Дунедарӕджы фӕндӕй сабухта хиваст туг ӕмӕ схӕцыдысты Израилы ныхмӕ, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы номыл ӕгъатырӕй ныццӕгъдой. Дунедарӕг афтӕ фӕдзӕхста Моисейӕн.


Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, ныууагътой, афтӕмӕй сӕ Мысыры зӕххӕй Уый ракодта. Сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын райдыдтой, ӕмӕ уымӕй мӕсты кодтой Дунедарӕджы.


Ныр Ӕз, уӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны уӕ разӕй нал фӕсурдзынӕн. Уыдон суыдзысты уӕ къӕппӕджытӕ, сӕ хуыцӕуттӕ та — уӕ ахсӕн хызтӕ.


Сӕ чызджыты сын куырдтой ӕмӕ сын сӕхи чызджыты моймӕ лӕвӕрдтой, сӕ хуыцӕуттӕн сын лӕггад кодтой.


Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ