15 Бахиздзӕн уӕ Дунедарӕг алы низӕй, Мысыры уе ’нӕзонгӕ чи нӕ уыд, ӕппӕт уыцы низтӕ сымахыл нӕ, фӕлӕ уӕ чи нӕ уарзы, уыдоныл бафтаудзӕн.
Де знӕгтӕ, Дунедарӕг, Де знӕгтӕ бабын уыдзысты ӕцӕгдӕр, фыдгӕнджытӕ алырдӕмты фӕлидздзысты.
Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».
Лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн — уӕд уын раарфӕ кӕндзынӕн уӕ къӕбӕр ӕмӕ уӕ донӕн, фӕсурдзынӕн уын уӕ низтӕ.
Кӕлӕнгӕнджыты бон нал уыд Моисеимӕ сӕ тых ӕвзарын: уыдоны буар дӕр, иннӕ мысырӕгтау, хӕфдзӕстытӕ фестад.
Дунедарӕг дын мысырӕгты хуызӕн дӕ буар сынкъ ӕмӕ цъутхал фестын кӕндзӕн, хӕлмагӕй дӕ ницыуал зындзӕн, хордзоны тугнизӕй хъӕрздзынӕ ӕмӕ дын хос нӕ уыдзӕн.
Ӕмризӕджы кӕмӕй ризут, уыцы мысыраг низтӕ уыл ныххӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ уын сӕ фервӕзӕн нӕ уыдзӕн.
Уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы ӕлгъыстытӕ иууылдӕр уе знӕгты, чи уӕ нӕ уарзы ӕмӕ уӕ фӕдыл чи зылд, уыдоны ныхмӕ сараздзӕн.