14 Адӕмты ’хсӕн ӕппӕты арфӕгонддӕр сымах уыдзыстут: нӕ уӕм уыдзӕн нӕдӕр, цот кӕмӕн нӕ цӕуы, ахӕм нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, нӕдӕр хуыскъ фос.
Дӕ бинойнаг дӕ хӕдзары мидӕг зад сӕнӕфсир бӕласау — зӕнӕгджын, дӕ фынджы алыварс дӕ фырттӕ — оливӕ бӕласы ӕвзартау.
Ӕз уыл ауддзынӕн, зӕнӕгджын уӕ скӕндзынӕн, сбирӕ уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый нӕ фехалдзынӕн.
Ӕмӕ загъта Хуыцау Балаамӕн: «Ма ацу семӕ; ма фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд сты».
Алы хорзӕхӕй уӕ схайджын кӕндзӕн Дунедарӕг: зӕнӕг, фос ӕмӕ уӕм тыллӕг бирӕ уыдзӕн, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххыл.
Арфӕгонд уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн алцыдӕр парахатӕй ратдзӕн, уӕ алы хъуыддаг дӕр уыдзӕни ӕнтыстджын; уӕ байзӕддаг, уӕ фосы зӕйц ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг арфӕгонд уыдзысты. Йӕ хорзӕхтӕ уын лӕвар кӕнгӕйӕ, Дунедарӕг ногӕй цин кӕндзӕни, уӕ фыдӕлтыл куыд цин кодта, афтӕ,
Тӕхудиаг дӕ ды, Израил! Кӕм ис сымахӕн ӕмбал, Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у, уыцы адӕм? Сымахӕн уе знӕгтӕ ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы, сымах та сын сӕ фӕсонтыл къахӕй лӕудзыстут».