19 цӕмӕй уын уе знӕгты уӕ цурӕй фесафа. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.
Уӕ разӕй уын арвитдзынӕн Мӕ азар, ӕмӕ-иу цы адӕмтӕм бацӕуат, уыдонӕн сӕ сӕр сӕ кой суыдзӕн, уӕ фыдгултӕ-иу лидзӕг фӕуыдзысты.
Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй.
Дунедарӕджы цӕсты раст ӕмӕ хорзыл нымад цы у, уыдӕттӕ кӕнут, цӕмӕй ӕнӕмастӕй цӕрат, бацӕуат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕркадджын бӕстӕй бавӕрдта, уый,
Сомбон уӕ куы фӕрсой уӕ цот, Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, сымахӕн цы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ лӕвӕрд ис, уыдоны нысаниуӕгӕй,