15 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уе ’хсӕн Чи ис, Уый, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау у. Йӕ маст куы рафыца, уӕд уӕ зӕххы цъарӕй фесафдзӕн.
Авд боны фӕстӕ дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дӕргъы зӕххыл уадздзынӕн къӕвда. Ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыстон, уыдон».
Ӕмӕ уыцы хъуыддаг тӕригъӕды ӕппӕрста Йоровамы мыггаджы, сӕфтмӕ йӕ кодта, бынсӕфт-быныскъуыдмӕ йӕ тардта.
Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.
Бафӕдзӕхсдзӕни дӕ Йӕ зӕдтӕн — дӕ алы фӕндагыл дӕ бахъахъхъӕндзысты.
Минӕй ӕрхаудзысты Дӕ разы, дӕс мины та — дӕ рахизфарс, фӕлӕ ды баззайдзынӕ ӕвыдӕй.
Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,
Цӕмӕн Дӕ хъуамӕ зӕгъой мысырӕгтӕ, уыцы адӕмы сӕ фыдбылызӕн акодта Мысырӕй — хӕхты сӕ бабын кодта, зӕххы цъарӕй сӕ фесӕфта, зӕгъгӕ? Бауром Дӕ судзгӕ маст ӕмӕ Дӕ адӕмы бахиз фыдбылызӕй.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Зӕххы цъарӕй дӕ фесафдзынӕн: ацы аз амӕлдзынӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтай».
ӕндӕрбӕстаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы куы не ’фхӕрат, ацы бынаты ӕнаххос адӕмы туг куынӕ калат ӕмӕ уӕхи фыдӕнӕн ӕндӕр хуыцӕуттӕм куынӕ куват,
ӕгас зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдоны ’хсӕн сымах равзӕрстон. Уымӕ гӕсгӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн.
Дунедарӕг Хуыцау тӕригъӕдджын паддзахадмӕ Йӕ цӕстӕнгас сарӕзта. Ӕз ӕй зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, фӕлӕ Йаковы хӕдзар бынтон не скуынӕг кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Нӕй фӕчъизи кӕнӕн, кӕм цӕрут ӕмӕ Ӕз кӕм ӕрбынат кодтон, уыцы бӕстӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, израилӕгты ’хсӕн цӕрын».
Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?
Науӕд уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕлӕрвтӕ гуыдырӕвӕрд скӕндзӕни, къӕвдайы ӕртах нал ӕруадздзӕни. Зӕхх тыллӕг нал ратдзӕн, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы цагъды фӕуыдзыстут, Дунедарӕг уын кӕй дӕтты, уыцы алӕмӕты бӕстӕйы.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, пиллон арт у, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау!
Ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау; йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыдоны тӕригъӕдтӕ фидын кӕнын сӕ байзӕддӕгтӕн, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг.
уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй уӕ фырттӕ Мӕныл суӕлӕхох уыдзысты ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдайдзысты, ӕмӕ уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕ фесафынмӕ фӕстиат нӕ фӕкӕндзӕн.
Уӕ чъылдым Ӕм куы раздахат ӕмӕ, ардыгон адӕмтӕй уе ’хсӕн чи баззад, уыдонимӕ куы сӕмдзӕхдон уат, семӕ хӕстӕгиуӕг куы кӕнат ӕмӕ куы схӕццӕ уат,
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхст куы ницӕмӕ ӕрдарат, уемӕ цӕуыл бафидыдта, уый сӕрты куы ахизат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын куы райдайат, уӕд уӕ Дунедарӕджы азар басудздзӕн, ӕмӕ рӕхджы бон уӕ кой, уӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни, цы алӕмӕты зӕхх уын балӕвар кодта, ууыл».