Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 6:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕ алыварс адӕмты хуыцӕуттӕй макӕй фӕдыл цӕут!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 6:14
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы заман Дунедарӕг Йаковы байзӕддагимӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ сын загъта: «Ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма табу кӕнут, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ сын ма хӕссут нывӕндтӕ.


Мӕ разы дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд.


Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл ма цӕут, ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут; уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ ма мӕсты кӕнут, ӕмӕ уыл уӕд фыдбылыз не ’руадздзынӕн».


Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.


ӕндӕрбӕстаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы куы не ’фхӕрат, ацы бынаты ӕнаххос адӕмы туг куынӕ калат ӕмӕ уӕхи фыдӕнӕн ӕндӕр хуыцӕуттӕм куынӕ куват,


Ӕлгъыст — Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕм куынӕ байхъусат, абон уын ӕз цы фӕндаг амонын, уымӕй куы фӕзилат ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы ацӕуат, уӕд.


зӕххы цъарыл дӕм дард кӕнӕ ӕввахс чи цӕры, уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн, —


Мӕн йеддӕмӕ уын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд.


Сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы ферох кӕнат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы адзӕгъӕл уат, уӕд, кӕй бабын уыдзыстут, уый уын ӕз абон рагацау зӕгъын.


Амы адӕмтӕй уе ’хсӕн чи баззади, уыдонимӕ ӕмдзӕхдон ма кӕнут, сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ уӕ ферох уӕнт, уыдоны номӕй ард ма хӕрут, ма сын лӕггад кӕнут, мадӕр сын кувгӕ кӕнут.


Мӕ хуртӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ