Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 6:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 алы мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ, сымах кӕй нӕ байдзаг кодтат; цъайтӕ, сымах кӕй не скъахтат; сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕласы къохтӕ, сымах кӕй нӕ ныссагътат. Уым хӕрдзыстут ӕмӕ бафсаддзыстут уӕхи.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 6:11
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ уыдон бацахстой фидаргонд сахартӕ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, сӕхи бакодтой алыхуызон мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ айнӕджы риуы къахт донмарӕнтӕ, сӕхи бакодтой сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕсты къохтӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц дыргъдӕттӕ. Хордтой, сӕхи ӕфсӕстой, хуыз сӕ бацыди, ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстой Де стыр хорзӕхы фӕрцы.


Фӕлӕ та-иу сын сӕ хъизӕмармӕ куы ’ркасти, се ’рдиаг-иу Йӕ хъустыл куы ауад,


Ӕз уын уӕ быдырты уӕ фосӕн кӕрдӕг ӕрзайын кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕххормаг никуы уыдзыстут.


Цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмӕ сӕхи бафсадой, дӕуӕй хъауджыдӕр зӕхх ӕмӕ исбонӕй хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ, дӕ цуры цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг, идӕдз ӕмӕ сидзӕр, ӕмӕ ды та дӕ алы хъуыддаджы дӕр арфӕгонд уай Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй зӕхх дӕтты, уыцы адӕмты куы ныццӕгъда ӕмӕ йӕ сымах уӕхи куы бакӕнат, сӕ сахартӕ ӕмӕ сын сӕ хӕдзӕртты куы ӕрбынӕттон уат,


Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.


Ӕз уын радтон, кӕуыл нӕ бафыдӕбон кодтат, уыцы зӕхх, кӕй нӕ сарӕзтат, уыцы сахартӕ, ӕмӕ дзы ныр сымах цӕрут. Цы сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ нӕ ныссагътат, уыдоны дыргътӕ хӕрут“».


Израилӕгтӕй сӕ Хуыцау ферох ис, тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕ ӕмӕ Ашерӕтӕн лӕггад кодтой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ