Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 6:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах бакӕндзӕн, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм. Уым — стыр ӕмӕ дидинӕфтыд сахартӕ, сымах кӕй нӕ сарӕзтат;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 6:10
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.


Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый.


Дунедарӕг лӕууы асины сӕр ӕмӕ дзуры: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ Исаакы Хуыцау. Цы зӕххыл хуыссыс, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн.


Ӕмӕ уыдон бацахстой фидаргонд сахартӕ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, сӕхи бакодтой алыхуызон мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ айнӕджы риуы къахт донмарӕнтӕ, сӕхи бакодтой сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕсты къохтӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц дыргъдӕттӕ. Хордтой, сӕхи ӕфсӕстой, хуыз сӕ бацыди, ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстой Де стыр хорзӕхы фӕрцы.


Фӕлӕ та-иу сын сӕ хъизӕмармӕ куы ’ркасти, се ’рдиаг-иу Йӕ хъустыл куы ауад,


Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй зӕхх дӕтты, уыцы адӕмты куы ныццӕгъда ӕмӕ йӕ сымах уӕхи куы бакӕнат, сӕ сахартӕ ӕмӕ сын сӕ хӕдзӕртты куы ӕрбынӕттон уат,


Сӕ фыдӕлтӕн куыд басомы кодтон, афтӕ сӕ Ӕз, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕхмӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ, ӕххормаг цы у, уый куынӕуал зоной ӕмӕ сыл хуыз куы фӕхӕца, уӕд ӕндӕр хуыцӕуттӕм аздӕхдзысты ӕмӕ уыдонӕн лӕггад кӕндзысты, Мӕн та ферох кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Дунедарӕджы цӕсты раст ӕмӕ хорзыл нымад цы у, уыдӕттӕ кӕнут, цӕмӕй ӕнӕмастӕй цӕрат, бацӕуат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕркадджын бӕстӕй бавӕрдта, уый,


мах та ракодта уырдыгӕй, цӕмӕй нӕ ӕрбакӕна, нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм.


Уе стонг куы басӕттат, хорз хӕдзӕрттӕ куы саразат ӕмӕ уыл цард куы ’рхӕца,


Байхъусут, израилӕгтӕ! Сымах ныр цӕут Иорданы фалемӕ, цӕмӕй, уӕхицӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр цы адӕмтӕ сты, уыдоны фӕсурат ӕмӕ уӕхи бакӕнат, уӕларвмӕ чи ӕххӕссы, уыцы фидаргонд сахартӕ,


Ӕз уын радтон, кӕуыл нӕ бафыдӕбон кодтат, уыцы зӕхх, кӕй нӕ сарӕзтат, уыцы сахартӕ, ӕмӕ дзы ныр сымах цӕрут. Цы сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ нӕ ныссагътат, уыдоны дыргътӕ хӕрут“».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ