6 „Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цагъартӕ кӕм уыдыстут, уыцы Мысырӕй уӕ чи ракодта, Уый.
Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.
Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.
Мӕнӕ, Хуыцау кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ:
Ӕз уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй, ӕфсӕйнаг тайынгӕнӕн куынцгомӕй, куы ракодтон, уӕд сын ацы фидыд ӕххӕст кӕнын бафӕдзӕхстон, загътон сын: Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут, ӕмӕ уыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау.
Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй, цагъайрӕгтӕ цы зӕххыл уыдыстут, уым уын бафыстон уӕ ахӕстаргъ, уӕ разӕй уын арвыстон Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамы.
Сымах та, Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта, уыдон иууылдӕр, абон дӕр ма сӕрӕгас стут.
Байхъус, Израил! Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, у иунӕг Хуыцау!
Уарзгӕ уӕ кӕй кӕны ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн цы сомы ракодта, уый тыххӕй уӕ суӕгъд кодта Дунедарӕг уацарӕй Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕмӕ уӕ уымӕн фервӕзын кодта Мысыры паддзахы бархъомысӕй.
уӕд, чи зоны, уӕхиуыл фервӕссат ӕмӕ уӕ ферох уа, Мысырӕй, уацарӕй уӕ Чи ракодта, Уыцы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.