Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кодта Дунедарӕг уемӕ хохы сӕр, арты хуылфӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:4
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн бӕзджын ӕврагъы мидӕг, цӕмӕй адӕм фехъусой, демӕ куыд дзурын, уый ӕмӕ дыл амӕй фӕстӕмӕ кӕддӕриддӕр ӕууӕндой». Моисей Дунедарӕгӕн адӕмы дзуапп куы рафӕзмыдта,


Мӕнӕ, Хуыцау кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ:


Дунедарӕг та Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, адӕймаг адӕймагимӕ куыд фӕдзуры, афтӕ. Уый фӕстӕ-иу Моисей рӕсӕнуатмӕ ӕрбаздӕхт. Фӕлӕ-иу Нуны фырт Йешуа, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕг, баззади Цатыры, уырдыгӕй никуыдӕм цыд.


Уыци-уыцитӕй нӕ, фӕлӕ ӕргом, лӕгӕй-лӕгмӕ дзурын Ӕз йемӕ; уый Дунедарӕджы сурӕт йӕ цӕстӕй куы уыны, уӕд куыд бауӕндыдыстут сымах Мӕ цагъары, Моисейы, ныхмӕ дзурын?»


уӕд ӕй радзурдзысты ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн. Уыдон та ныридӕгӕн фехъуыстой, Ды, Дунедарӕг, ацы адӕмӕн се ’хсӕн кӕй Дӕ ӕмӕ сӕм ӕргом кӕй рацӕуыс; Дӕ мигъы ӕврагъ кӕй лӕууы сӕ сӕрмӕ, Ды Дӕхӕдӕг кӕй цӕуыс сӕ разӕй, боныгон — мигъы цӕджындзы, ӕхсӕв та — арты цӕджынджы.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ уыдис израилӕгты ’хсӕн Моисейы ӕмсӕр, Дунедарӕг лӕгӕй-лӕгмӕ кӕимӕ дзырдта, ахӕм пехуымпар.


Дунедарӕг уӕм арты хуылфӕй дзырдта; сымах Ӕй хъуыстат, фӕлӕ Йӕ уынгӕ нӕ кодтат, ӕрмӕст Йӕ хъӕлӕс зӕлыди.


Дунедарӕг уӕм Хоревы рӕбын арты хуылфӕй куы дзырдта, уӕд сымах фӕлгонц нӕ федтат. Уӕхи хъахъхъӕнут уӕдӕ.


Кӕд ма уыдис афтӕ, цӕмӕй адӕмтӕй исчи сымахау Хуыцауы хъӕлӕс арты хуылфӕй фехъуса ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззайа?


Уый уын уӕлӕрвтӕй фехъусын кодта Йӕ хъӕлӕс, цӕмӕй уӕ раст фӕндагыл араза. Уый уын зӕххыл фенын кодта Йе стыр арт, ӕмӕ Йын арты хуылфӕй фехъуыстат Йӕ ныхӕстӕ.


Уыцы ныхӕстӕ Дунедарӕг хохы сӕр арт, мигъ ӕмӕ саудалынджы хуылфӕй ӕрвнӕрӕгау уе ’ппӕтмӕ радзырдта. Ӕндӕр сӕм ницыуал бафтыдта. Дыууӕ къӕйдурыл фыстӕй мӕм сӕ радта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ