32 Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут.
Цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ, цы ’гъдӕуттӕ ӕмӕ уын цы фӕдзӕхстытӕ радтон, уыдон ӕххӕст кӕныныл уӕхи хъарут цӕрӕнбонты. Уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ма рох кӕнут. Ма табу кӕнут ӕндӕр хуыцӕуттӕн.
Израилӕгтӕ Мӕм куы хъусой, Мӕ цагъар Моисей сын Мӕ номӕй цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ куы ӕххӕст кӕной, уӕд сӕ иу дӕр нӕ фӕхауӕццаг уыдзӕни, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх радтон, уымӕй».
Иосиа кодта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыдӕл Давиды, йӕхи дзы нӕдӕр рахизӕрдӕм, нӕдӕр галиуӕрдӕм здахгӕйӕ.
Йӕ хоры нӕмыг цӕссыгкалгӕйӕ чи байтыдта, уыдон цины зарджытимӕ исдзысты сӕ тыллӕг!
дӕ царды бонтӕ ӕмӕ дӕ азты нымӕц фӕфылдӕр уыдзысты, фарн дын ӕрхӕсдзысты.
Дӕ фӕндагыл дыууӕрдӕм ма кӕн, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз.
Уӕ фӕндагыл галиуӕрдӕм кӕнӕ рахизӕрдӕм куы здӕхат, уӕд уӕ фӕсчъылдымӕй фехъусдзыстут: «Мӕнӕ ацы фӕндагыл ацӕут!»
Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрут ӕмӕ Мын ӕнувыдӕй ӕххӕст кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ.
Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се ’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ.
фӕлӕ-иу бӕстон ӕххӕст кӕнут, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ.
Цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уыдон, ӕппаргӕ дӕр ӕмӕ сӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут, афтӕмӕй бӕстон ӕххӕст кӕнут.
Уыдон дын цы ’гъдау бацамоной ӕмӕ цы тӕрхон скӕной, уымӕ гӕсгӕ-иу алцыдӕр бакӕн, рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзил, афтӕмӕй.
цӕмӕй йе ’фсымӕртӕм сӕрбӕрзондӕй ма кӕса, ацы фӕдзӕхстытӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзила, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тъымы-тъыматӕм паддзахиуӕг кӕной Израилы.
Хъотырӕй рынчын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд сауджын левиттӕ цы зӕгъой, уый-иу бӕстон сӕххӕст кӕн, Ӕз сын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ кӕн.
цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уымӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр куынӕ фӕзилат, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куынӕ адзӕгъӕл уат ӕмӕ сӕм кувын куынӕ райдайат, уӕд.
Сӕ зӕхх сын нӕхи бакодтам ӕмӕ йӕ Рувим ӕмӕ Гады, стӕй Менассиайы байзӕддӕгтӕн се ’мбисы ӕхсӕн байуӕрстам.
Макуы хизут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасы сӕрты, кӕддӕриддӕр ӕххӕст кӕнут, Уый уын цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхста, уыдон.
Рӕстгӕнджытыл нымад уӕд уыдзыстӕм, ӕппӕт ацы фӕдзӕхстытӕ Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, раз, Уый нын куыд загъта, афтӕ куы ӕххӕст кӕнӕм“.
Уӕдӕ байхъусут, израилӕгтӕ, ӕмӕ архайут уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл, цӕмӕй райгонд уат ӕмӕ сбирӕ уат, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн ныфс кӕмӕй бавӕрдта, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары, ууыл.
Абон уын ӕз кӕй дзурын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ лӕмбынӕг ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй сӕрӕгас уат ӕмӕ уӕ мыггаг сбирӕ уа, цӕмӕй фӕцӕуат ӕмӕ, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.
Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.
Уымӕ гӕсгӕ уӕхи хъарут, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, уыдӕттӕ ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл, мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахизут, мадӕр галиуӕрдӕм.
Уыдон базыдтой раст фӕндаг, фӕлӕ ныууагътой, цы сыгъдӕг фӕдзӕхст сын лӕвӕрд ӕрцыд, уый. Уыцы раст фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой, уӕд сын хуыздӕр уыдаид.