Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Ды та лӕуу ам, Мӕ цуры, ӕмӕ дын Ӕз фехъусын кӕнон ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сын сӕ ды бамбарын кӕнай ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, цӕрынӕн сын цы бӕстӕ дӕттын, уым“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:31
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ, цы ’гъдӕуттӕ ӕмӕ уын цы фӕдзӕхстытӕ радтон, уыдон ӕххӕст кӕныныл уӕхи хъарут цӕрӕнбонты. Уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ма рох кӕнут. Ма табу кӕнут ӕндӕр хуыцӕуттӕн.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Ӕз дӕм ратдзынӕн, ацы адӕмӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ цы къӕйдуртыл ныффыстон, уыдон. Адӕмӕн-иу бацамон, цы сӕ домын, уый».


Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.


Уым сын радтон Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сын фехъусын кодтон Мӕ амындтытӕ, цӕмӕй сӕ алы адӕймаг дӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ уый фӕрцы цӕра.


Ма рох кӕнут Мӕ цагъар Моисейы Ӕгъдау, Хоревы хохы сӕрыл ӕппӕт Израилӕн кӕй радтон, уый, Мӕ домӕнтӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ.


Уӕдӕ Ӕгъдау цӕй тыххӕй у? Хуыцау ӕй фӕстӕдӕр уӕлӕмхасӕнӕн радта адӕмы фыдракӕндты тыххӕй, зӕрдӕ Кӕмӕн бавӕрдӕуыд, уыцы Байзӕддаг цалынмӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Ӕгъдау ӕвӕрд ӕрцыди зӕдты ӕххуысӕй ӕмӕ ӕхсӕнылӕджы фӕрцы.


Уӕдӕ уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, кӕддӕриддӕр Ын ӕххӕст кӕн Йӕ домӕнтӕ, макуы ахиз Йе ’гъдӕуттӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты.


Мӕнӕ сты, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым цӕргӕбонты бӕстон кӕй хъуамӕ ’ххӕст кӕнат, уыцы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Загътон уын ӕз уӕд: „Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, радта сымахӕн ацы зӕхх, цӕмӕй йӕ уӕхи бакӕнат. Уӕдӕ, хӕстхъомтӕ, араст ут уе ’фсымӕрты, израилӕгты, разӕй, гӕрзифтонгӕй.


Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.


Мысырӕй рацӕуыны фӕстӕ Моисей израилӕгтӕн цы фӕтк, цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕндиӕгтӕ фехъусын кодта, уыдон.


Дунедарӕджы, Мӕ Хуыцауы, ныхасмӕ гӕсгӕ амонын ӕз сымахӕн фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сӕ ӕххӕст кӕнат, цы бӕстӕм цӕут ӕмӕ уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Моисей фӕдзырдта ӕппӕт Израилы адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, абон уын ӕз цы фӕтк ӕмӕ цы уагӕвӕрдты тыххӕй дзурын, уыдонмӕ. Сахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут.


Цу, зӕгъ сын, цӕмӕй сӕ цатыртӕм аздӕхой.


Уый уын уыцы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ кӕмӕй загъта, бацамон сын сӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, сӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕуынц, уым.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ