30 Цу, зӕгъ сын, цӕмӕй сӕ цатыртӕм аздӕхой.
Тӕхуды, сӕ зӕрдӕты ӕцӕгдӕр тас куы уаид Мӕнӕй, ӕмӕ Мын кӕддӕриддӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕниккой, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр амондджын уой мыггагмӕ!
Ды та лӕуу ам, Мӕ цуры, ӕмӕ дын Ӕз фехъусын кӕнон ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй сын сӕ ды бамбарын кӕнай ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, цӕрынӕн сын цы бӕстӕ дӕттын, уым“.