Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Ды хӕстӕг бацу ӕмӕ хъус, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цы зӕгъдзӕни, уымӕ. Уый фӕстӕ нын радзурдзынӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цыдӕриддӕр зӕгъа, ӕппӕт уыдӕттӕ, мах та сӕм хъусдзыстӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:27
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ахуыр сӕ кӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йе ’гъдӕуттыл, амон сын, цавӕр фӕндӕгтыл цӕугӕ сын у ӕмӕ сын цавӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын ӕмбӕлы, уыдӕттӕ.


Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Сӕххӕст кӕндзыстӕм, Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый!» Моисей Дунедарӕгмӕ фӕхӕццӕ кодта адӕмы дзуапп.


Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.


Моисейӕн загътой: «Хуыцау ма дзурӕд немӕ, науӕд амӕлдзыстӕм. Фӕлтау нын ды дзур, ӕмӕ дӕм мах хъусдзыстӕм».


Моисей адӕммӕ бацыд ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр рафӕзмыдта. Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Дунедарӕг цы зӕгъа, уый ӕххӕст кӕндзыстӕм».


Уыдон Йеремиайӕн загътой: «Дунедарӕг не ’хсӕн иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕнӕй ныллӕууӕд: Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, махӕн дӕ дзыхӕй цы зӕгъа, уый бакӕндзыстӕм.


Уыцы ныхас хорз уа ӕви ӕвзӕр — байхъусдзыстӕм Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, Кӕмӕ дӕ ӕрвитӕм, Уымӕ. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, куы хъусӕм, уӕд фарнӕй схайджын уыдзыстӕм».


Уымӕн ӕмӕ ма искуыдӕр фендӕуыд, цӕмӕй адӕймаг махау удӕгас Хуыцауы хъӕлӕс фехъуса арты хуылфӕй ӕмӕ удӕгасӕй баззайа?


Ӕмӕ уын Дунедарӕг фехъуыста уӕ ныхӕстӕ, мемӕ куы дзырдтат, уӕд, ӕмӕ мын загъта Дунедарӕг: „Ӕз фехъуыстон ацы адӕмы ныхӕстӕ, демӕ куы дзырдтой, уӕд. Раст дзурынц.


сыкъауадындзы уастмӕ, стӕй Хуыцауы хъӕлӕсмӕ не ’рцыдыстут сымах — адӕм-иу ӕй куы фехъуыстой, уӕд-иу лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй дарддӕр мауал дзура семӕ.


Адӕм Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, кӕндзыстӕм лӕггад ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ