25 Фӕлӕ цӕмӕн хъуамӕ амӕлӕм ныр? Ацы пиллон арт нӕ аныхъуырдзӕн ӕмӕ амӕлдзыстӕм, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъӕлӕс ма куы фехъусӕм, уӕд.
Уый Йын дзуапп радта: «Дӕ къахдзӕфтӕ дын куы айхъуыстон дыргъдоны, уӕд фыр тӕссӕй бамбӕхстӕн, уымӕн ӕмӕ бӕгънӕг дӕн».
Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.
Моисейӕн загътой: «Хуыцау ма дзурӕд немӕ, науӕд амӕлдзыстӕм. Фӕлтау нын ды дзур, ӕмӕ дӕм мах хъусдзыстӕм».
Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй ныфс кӕй ис, уыдонмӕ та се ’ппӕтмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕлгъыст. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: «Ӕгъдауы чиныджы цы фыст ис, ӕппӕт уыдон иудадзыг чи не ’ххӕст кӕны, уый ӕлгъыст у».
Сымах ӕмбырдӕй Хоревы рӕбын Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, цыдӕриддӕр домдтат, уыдӕттӕ сӕххӕст уыдзысты. Загътат: „Куынӕуал фехъусиккам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъӕлӕс, куынӕуал фениккам уыцы стыр арт, ӕндӕра нын ӕнӕ мӕлгӕ нӕ уыдзӕн!“
Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: „Афтӕ кӕй загътой, уый хорз у.
Уый загъта: «Дунедарӕг Синайӕ рацыди, Сеиры сӕрмӕ ныррухс ис, Йӕхи раргом кодта мин-мин сыгъдӕгимӕ Параны хӕхты сӕр, Йӕ рахизфарс — Ӕгъдауы арт.
Ӕмӕ загътат: „Мӕнӕ нын равдыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс. Арты хуылфӕй Йын фехъуыстам Йӕ хъӕлӕс. Абон мах федтам, Хуыцау адӕймагимӕ кӕй дзырдта, ӕмӕ адӕймаг удӕгасӕй кӕй баззади, уый.
сыкъауадындзы уастмӕ, стӕй Хуыцауы хъӕлӕсмӕ не ’рцыдыстут сымах — адӕм-иу ӕй куы фехъуыстой, уӕд-иу лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй дарддӕр мауал дзура семӕ.
Уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау пиллон арт у.