Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Ӕмӕ загътат: „Мӕнӕ нын равдыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс. Арты хуылфӕй Йын фехъуыстам Йӕ хъӕлӕс. Абон мах федтам, Хуыцау адӕймагимӕ кӕй дзырдта, ӕмӕ адӕймаг удӕгасӕй кӕй баззади, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:24
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков уыцы бынат схуыдта Пенуел, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы федтон ныхӕй-ныхмӕ ӕмӕ удӕгасӕй баззадтӕн.


Уалынмӕ хур скаст, ӕмӕ Йаков Пенуелӕй рараст ис. Йӕ синӕй цыди къуылых.


Сыкъауадындзы уасын хъӕрдӕрӕй-хъӕрдӕр кодта. Моисей дзырдта, ӕмӕ йын Хуыцау арвы нӕрынӕй дзуапп лӕвӕрдта.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Израилӕгтӕн Мӕнӕй афтӕ зӕгъ. Сымах федтат, уӕларвӕй уӕм куыд дзырдтон, уый.


Ноджы ма загъта: «Мӕ цӕсгоммӕ ӕрбакӕсын дӕ бон не суыдзӕн. Мӕн фенӕг адӕймагӕн удӕгасӕй баззайӕн нӕй.


уӕд ӕй радзурдзысты ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн. Уыдон та ныридӕгӕн фехъуыстой, Ды, Дунедарӕг, ацы адӕмӕн се ’хсӕн кӕй Дӕ ӕмӕ сӕм ӕргом кӕй рацӕуыс; Дӕ мигъы ӕврагъ кӕй лӕууы сӕ сӕрмӕ, Ды Дӕхӕдӕг кӕй цӕуыс сӕ разӕй, боныгон — мигъы цӕджындзы, ӕхсӕв та — арты цӕджынджы.


Дунедарӕджы ном стаудзынӕн! Кад кӕнут нӕ Хуыцауӕн!


Кӕд ма уыдис афтӕ, цӕмӕй адӕмтӕй исчи сымахау Хуыцауы хъӕлӕс арты хуылфӕй фехъуса ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззайа?


Ӕмӕ саудалынджы арфӕй хъӕлӕс куы фехъуыстат, уӕд хох арты сыгъди, ӕмӕ мӕм уырдӕм ӕрбацыдыстут сымах, мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕ.


Фӕлӕ цӕмӕн хъуамӕ амӕлӕм ныр? Ацы пиллон арт нӕ аныхъуырдзӕн ӕмӕ амӕлдзыстӕм, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъӕлӕс ма куы фехъусӕм, уӕд.


ӕмӕ йӕ усӕн загъта: «Мах амӕлдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ федтам Хуыцауы».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ