Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Ӕмӕ саудалынджы арфӕй хъӕлӕс куы фехъуыстат, уӕд хох арты сыгъди, ӕмӕ мӕм уырдӕм ӕрбацыдыстут сымах, мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:23
6 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сымах ӕмбырдӕй Хоревы рӕбын Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, цыдӕриддӕр домдтат, уыдӕттӕ сӕххӕст уыдзысты. Загътат: „Куынӕуал фехъусиккам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, хъӕлӕс, куынӕуал фениккам уыцы стыр арт, ӕндӕра нын ӕнӕ мӕлгӕ нӕ уыдзӕн!“


Уыцы ныхӕстӕ Дунедарӕг хохы сӕр арт, мигъ ӕмӕ саудалынджы хуылфӕй ӕрвнӕрӕгау уе ’ппӕтмӕ радзырдта. Ӕндӕр сӕм ницыуал бафтыдта. Дыууӕ къӕйдурыл фыстӕй мӕм сӕ радта.


Ӕмӕ загътат: „Мӕнӕ нын равдыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс. Арты хуылфӕй Йын фехъуыстам Йӕ хъӕлӕс. Абон мах федтам, Хуыцау адӕймагимӕ кӕй дзырдта, ӕмӕ адӕймаг удӕгасӕй кӕй баззади, уый.


Ӕз фӕзылдтӕн ӕмӕ хохӕй дӕлӕмӕ фӕцӕуӕг дӕн. Хох пиллонӕй сыгъди. Фидыды дыууӕ къӕйдурыл хӕцыдтӕн мӕ дыууӕ къухӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ