Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Уыцы ныхӕстӕ Дунедарӕг хохы сӕр арт, мигъ ӕмӕ саудалынджы хуылфӕй ӕрвнӕрӕгау уе ’ппӕтмӕ радзырдта. Ӕндӕр сӕм ницыуал бафтыдта. Дыууӕ къӕйдурыл фыстӕй мӕм сӕ радта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:22
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ, цы ’гъдӕуттӕ ӕмӕ уын цы фӕдзӕхстытӕ радтон, уыдон ӕххӕст кӕныныл уӕхи хъарут цӕрӕнбонты. Уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ма рох кӕнут. Ма табу кӕнут ӕндӕр хуыцӕуттӕн.


Адӕм лӕууыдысты дӕрддзӕф ран, Моисей та баввахс ис, Хуыцау кӕм уыди, уыцы саудалынгмӕ.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Ӕз дӕм ратдзынӕн, ацы адӕмӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ цы къӕйдуртыл ныффыстон, уыдон. Адӕмӕн-иу бацамон, цы сӕ домын, уый».


Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.


Кӕд ма уыдис афтӕ, цӕмӕй адӕмтӕй исчи сымахау Хуыцауы хъӕлӕс арты хуылфӕй фехъуса ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззайа?


Уый уын уӕлӕрвтӕй фехъусын кодта Йӕ хъӕлӕс, цӕмӕй уӕ раст фӕндагыл араза. Уый уын зӕххыл фенын кодта Йе стыр арт, ӕмӕ Йын арты хуылфӕй фехъуыстат Йӕ ныхӕстӕ.


Ӕмӕ саудалынджы арфӕй хъӕлӕс куы фехъуыстат, уӕд хох арты сыгъди, ӕмӕ мӕм уырдӕм ӕрбацыдыстут сымах, мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕ.


Лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кодта Дунедарӕг уемӕ хохы сӕр, арты хуылфӕй.


Бавналӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ пиллон артӕй чи судзы, ахӕм хохмӕ, талынг, саудалынг ӕмӕ уадмӕ не ’рцыдыстут сымах;


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ