Фӕлхатгонд ӕгъдау 5:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст14 Ӕвдӕм бон та — сабат; уый Дунедарӕджы у, дӕ Хуыцауы. Мацы куыст кӕн: ды дӕр, дӕ фырт дӕр, дӕ чызг дӕр, дӕ цагъар дӕр (нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг), дӕ гал, дӕ хӕрӕг, дӕ алы фос дӕр, дӕ фарсмӕ цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр. Дӕуау сӕ фӕллад суадзӕнт дӕ цагъартӕ дӕр сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Махӕн дӕр, дам, не ’фсымӕрты буары хуызӕн ис, нӕ фырттӕ дӕр, дам, уыдоны фыртты хуызӕн сты, афтӕмӕй, дам, махӕн нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ ӕххуырсты дӕттинаг фесты. Ныридӕгӕн, дам, нӕ чызджытӕй иуӕй-иутӕ кӕмӕндӕр цагъар сты ӕмӕ сӕ балхӕнын та ӕппындӕр нӕ амоны нӕ къух. Нӕ хуымтӕ дӕр ӕмӕ, дам, нӕ сӕндӕттӕ дӕр кӕйдӕр къухты сты.