12 Бӕрӕг кӕн сабат, уазыл дӕм уӕд нымад, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Уыцы бонты ӕз федтон: сабаты Иудейы сӕн дыгътой, куыристӕ ластой ӕмӕ хӕрджытыл сӕн, сӕнӕфсир, легъуи ӕмӕ ӕндӕр уӕргътӕ ӕвӕрдтой. Сабаты ӕппӕт уыдӕттӕ Йерусалиммӕ ластой. Тӕккӕ уыцы бон сын ӕз карзӕй загътон, цӕмӕй сабаты мацы уӕй кӕной.
уӕд сын Моисейы ныхас уыди: «Уый тыххӕй Дунедарӕг дзырдта. Райсом ӕнцойбон у, Дунедарӕджы уаз сабат. Цы фыцинаг стут, уый абон сфыцут, уӕ хӕринагӕй ма цы баззайа, уый та райсоммӕ бавӕрут».
Ӕмӕ ӕвдӕм бон адӕм сӕ фӕллад уагътой.
«Израилӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй Мын ӕххӕст кӕной Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ. Мӕ сабат Мӕн ӕмӕ сымах ӕхсӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ нысан у, цӕмӕй уӕ зӕрдыл дарат, Ӕз — Дунедарӕг — сымахӕй Мӕхицӕн уаз адӕм кӕй скодтон, уый.
Ӕхсӕз боны кусут, ӕвдӕм бон та у сабат, ӕнцойбон, Дунедарӕгӕн — уаз. Сабаты чидӕриддӕр бакуса, уый мард ӕрцӕуӕд.
Уӕдӕ ӕцӕгӕлӕттӕй дӕр Дунедарӕгимӕ чи баиу ис, лӕггад Ын кӕныны охыл, Дунедарӕджы ном чи уарзы, йӕхи Йын цагъар чи скодта ӕмӕ Йын Йӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кӕны, Мӕ уагӕвӕрдтӕ йӕ уды рӕбинаг кӕмӕн сты,
Дунедарӕг зӕгъы: «Сабат Мӕ уаз бон кӕй у, уый уӕ макуы ферох уӕд, ӕмӕ йӕ нымайут. Нымайут ӕй цытджын бӕрӕгбоныл ӕмӕ уӕхиуыл хӕцут, сабатбон мацы хъуыддаг кӕнут. Кад ын скӕндзыстут уымӕй дӕр, стӕй, уыцы бон уӕ алы зӕрдиаг фӕндтӕ куы аиргъӕват, ноджы ма ӕдзӕлгъӕд ныхӕстӕ дӕр куынӕ кӕнат, уӕд.
Уӕ хӕдзӕрттӕй дӕр мацы хӕссут сабаты ӕмӕ ӕппындӕр мацы кусут. Уӕ фыдӕлтӕн куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ уын сабатбон уӕд уаз.
Йесо ма сын загъта: «Адӕймаджы сабатӕн не сфӕлдыстӕуыд, фӕлӕ сабат — адӕймагӕн.
Ӕхсӕз боны кус, дӕ алы хъуыддаг кӕн.