48 Арноны былгӕрон Ароерӕй Сионы хохы онг, Ермон дӕр ма йӕ хонынц.
Арфӕ дын ракӕндзӕни Сионӕй Дунедарӕг, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг.
Арноны был чи ис, уыцы Ароер ӕмӕ, Арноны дӕлвӕзы цы сахар ис, уырдыгӕй суанг Галаады онг иунӕг сахар дӕр нӕ ныхмӕ лӕууын нӕ бафӕрӕзта — се ’ппӕты дӕр нын нӕ амӕттаг бакодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау.
Уӕды заман цы зӕхх байстам, уый Арноны был Ароерӕй райдайы; Галаады хӕхбӕсты ӕмбис ӕд сахартӕ ӕз Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн радтон.
Уыцы заман Иорданы фаллаг фарс дыууӕ амораг паддзахӕй мах байстам ацы зӕхх: Арноны донӕй Ермоны хохы онг:
(Ермон сидойнӕгтӕ хонынц Сирион, аморӕгтӕ — Сенир),
Иорданӕн йӕ фаллаг фарс, скӕсӕнӕрдыгӕй цы дӕлвӕз ис, уый дӕр уыдонмӕ хауы суанг Фасгайы рӕбынмӕ, денджызы онг.