41 Уыцы рӕстӕджы Моисей рахицӕн кодта ӕртӕ сахары Иорданӕй хурыскӕсӕнӕрдӕм,
Левиттӕн кӕй раттат, уыцы сахартӕй ӕхсӕз ӕмбӕхсӕндонӕн рахицӕн кӕндзыстут, цӕмӕй-иу лӕгмар уырдӕм алидза; уыдоны ӕдде ма сын раттут ноджы дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз сахары.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн цы зӕхх дӕтты, уым, дӕ сыхагӕй де ’хсӕн фыдӕлтӕй цы арӕн баззад, ууыл ма бахӕц фалдӕр.
уӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы бӕстӕйы рахицӕн кӕнут ӕртӕ сахары.
Уымӕн уын зӕгъын: ӕртӕ сахары рахицӕн кӕнут.
цӕмӕй-иу, йе знаг нӕ уыди, афтӕмӕй ӕнӕбары искӕй чи амара, уый уыцы сахартӕй иумӕ алидза ӕмӕ афтӕмӕй фервӕза.