Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Уӕ фыдӕлты уын кӕй уарзта, сӕ хъӕстӕ дӕр сын уымӕ гӕсгӕ равзӕрста. Йе стыр хъаруйы фӕрцы уӕ ракодта Мысырӕй,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:37
32 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».


Ӕгас зӕхх тӕрсӕд Дунедарӕгӕй, дун-дуне ӕмхуызонӕй ризӕд Йӕ разы.


Уыдон та мыл ныр мӕ зыны сахат ӕрбамбырд сты ӕмӕ фыр цинӕй райынц, ӕз кӕй фӕкалдтӕн, ууыл. Нӕ йӕ ’мбарын, цы мыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ацы фидисгӕнджытӕ, иудадзыг мӕ тухӕнӕй цы марынц!


Ды дӕ ӕппӕт адӕмӕй хуыздӕр, Дӕ дзыхӕй фарн кӕлы, — Хуыцау Дын арфӕ ракодта ӕнусмӕ.


Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы рацыди, тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕджы адӕм рӕнхъыстадӕй рацыдысты Мысыры зӕххӕй.


Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилӕгты ӕфсад ракодта Мысыры зӕххӕй.


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут.


Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй.


Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ӕз Мӕхӕдӕг цӕудзынӕн уемӕ ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзынӕн».


Ахӕм зынаргъ Мын стут, афтӕ бирӕ уӕ уарзын, ӕмӕ уын уӕ сӕрвӕлтау ратдзынӕн иннӕ адӕмты, ӕнӕхъӕн дуне.


Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.


«Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм».


Дунедарӕг мӕм дардӕй фӕзынд ӕмӕ загъта: «Ӕнусон уарзтӕй дӕ бауарзтон ӕмӕ дӕ скодтон Мӕ хорзӕхы аккаг.


— Израилӕгтӕ! Ӕз уӕ бауарзтон, — зӕгъы Дунедарӕг, — фӕлӕ Мын сымах дзурут: «Цӕмӕй нын равдыстай дӕ уарзондзинад?» Ау, Исав ӕмӕ Йаков ӕфсымӕртӕ не сты? — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕлӕ Ӕз Йаковы бауарзтон,


Дунедарӕгмӕ куы сдзынӕзтам, уӕд нӕ Уый фехъуыста. Рарвыста нӕм зӕды, ӕмӕ нӕ уый Мысырӕй ракодта. Ныр мӕнӕ Кадешы сахары стӕм, дӕ арӕнгӕрон.


Уыдонӕн ис рагфыдӕлтӕ; се ’хсӕн райгуырди Чырысти дӕр, ӕппӕтыл Кӕй бар цӕуы, уӕлдӕр Кӕмӕй нӕй, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд ӕнустӕм! Аммен.


фӕлӕ ӕрмӕст уӕ фыдӕлтӕ фесты Дунедарӕгӕн адджын, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты ’хсӕн равзӕрста сымах, сӕ байзӕддӕгты. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.


Фӕлӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, нӕ байхъуыста Балааммӕ, йе ’лгъыст ын арфӕмӕ раздӕхта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уарзы сымах.


Бениамины тыххӕй загъта: „Дунедарӕгӕн уарзон чи у, уый ӕдасӕй цӕрдзӕни Хуыцауы раз — Йӕ арм ыл Уый дары кӕддӕриддӕр, йӕ фӕсчъылдым лӕууы“.


Уарзон Ын сты Йӕ адӕм. Йӕ къухы — ӕппӕт сыгъдӕджытӕ. Ӕрзоныг кодтой Дӕ разы, Дӕ алы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц.


Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.


Уымӕн ӕмӕ сымах сыгъдӕг адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн; сымах равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕххы цъары ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, цӕмӕй Йӕ адӕм уат.


Раст ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ кӕй стут, уый тыххӕй сын нӕ бацахсдзыстут сӕ бӕстӕ. Фыдгӕнджытӕ кӕй сты, уый тыххӕй сӕ суры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ цурӕй, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы сомы ракодта, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ