Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Ӕрфӕрсут-ма раздӕры заманты тыххӕй, уӕ размӕ, Хуыцау зӕххыл адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ цы уыди, уыдӕттӕй, кӕддӕра арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ искуы ахӕм стыр диссаг ӕрцыди, ахӕмӕй исты фехъуыстӕуыд?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:32
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы, Йӕхи хуызӕнӕй, сфӕлдыста йӕ Хуыцауы хуызӕнӕй, сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы.


Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай.


Бафӕрс-ма хистӕрты, сӕ фыдӕлтӕн цы раргом ис, уый базон.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Мелоди «Хъоппӕджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. Уарзондзинады зарӕг.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Уемӕ аразын фидыд. Ӕппӕт адӕмы раз Ӕз равдисдзынӕн, зӕххы цъарыл иунӕг адӕммӕ дӕр чи нӕма уыд, ахӕм диссӕгтӕ. Уадз ӕмӕ, цы адӕмы ’хсӕн цӕрыс, уыдон иууылдӕр тасимӕ кӕсой, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ кӕны, уымӕ.


Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын.


«Байхъусут, дзыллӕтӕ! Ацы бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджытӕ, байхъусут лӕмбынӕг! Ахӕм хъуыддаг уӕ заманы кӕнӕ уӕ фыдӕлты дуджы искуы ӕрцыди?


ӕгас зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдоны ’хсӕн сымах равзӕрстон. Уымӕ гӕсгӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн.


Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты алы рӕттӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты — арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.


Ӕмӕ уӕд арвитдзӕни Йӕ зӕдты ӕмӕ алы рӕттӕй — зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ — Йе ’взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзӕн.


Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Арвы кӕрон куы ныххӕлиу уа уӕ хъӕстӕ, уӕд дӕр уӕ ӕрбаиу кӕндзӕни Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн.


Ӕрхъуыды-ма кӕн рагзамантӕ, раздӕры фӕлтӕрты хабӕрттӕ. Бафӕрс-ма дӕ фыды, ӕмӕ дын ракӕндзӕн сӕ кой; уӕ зӕрӕдты-ма бафӕрс, ӕмӕ дын радзурдзысты уыдон.


Тӕхудиаг дӕ ды, Израил! Кӕм ис сымахӕн ӕмбал, Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у, уыцы адӕм? Сымахӕн уе знӕгтӕ ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы, сымах та сын сӕ фӕсонтыл къахӕй лӕудзыстут».


Уымӕн ӕмӕ ма кӕм ис дыккаг ахӕм стыр адӕм, йӕ хуыцӕуттӕ, махмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куы Йӕм скувӕм, уӕд куыд хӕстӕг вӕййы, афтӕ ӕввахс кӕмӕ сты?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ