Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Арвыл хур, мӕй, стъалытӕ, ӕппӕт уӕларвӕфсады уындӕй уӕ зӕрдӕ ма бацыбӕл уӕд уыдонӕн кувынмӕ: арвы бын цыдӕриддӕр адӕмтӕ ис, уыдонӕн сӕ радта Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:19
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ — бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕг ӕмгъуыдтӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн.


Сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытыл ӕмӕ сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд дыууӕ уӕныджы, стӕй Ашерӕйы цӕджындз. Кувын райдыдтой арвы стъалытӕм ӕмӕ табу кодтой Баалӕн.


Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ. Израилы паддзах Ахавау нывондхӕссӕн скодта Баалӕн, сарӕзта Ашерӕйы цӕджындз. Стъалытӕм дӕр куывта ӕмӕ сын хаста нывӕндтӕ.


Ноджы ма фӕчъизи кодта, иудейаг паддзӕхтӕ хуры кадӕн Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацӕуӕны раз цы бӕхты цыртсурӕттӕ ныссагътой, уыдон дӕр. Лӕууыдысты Парвары фӕзы, паддзахы галуаны уагдар Нетан-Мелехы бӕрны цы агъуыстытӕ уыд, уыдоны цур. Уыимӕ басудзын кодта, хуры кадӕн цы уӕрдӕттӕ конд ӕрцыд, уыдон.


Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ, Баалтӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ, Ашерӕйӕн — цӕджындзтӕ; табу ӕмӕ лӕггад кодта ӕппӕт уӕларвон стъалытӕн.


Ды дӕ иунӕг Дунедарӕг! Ды сфӕлдыстай арв, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕппӕт стъалытӕ, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый, денджызтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон! Алцӕмӕн дӕр цард ды дӕттыс! Дӕуӕн кад кӕнынц ӕппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ!


Йе ’ххуысы хай дын рарвитӕд Йӕ Кувӕндонӕй, хъару — Сионы хохӕй!


Йерусалимы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуантӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл ӕппӕт стъалытӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн кӕмдӕриддӕр калдтой, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр Тофетау фӕчъизи уыдзысты“».


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, боныгон рухс кӕнынӕн хур Чи радта, мӕй ӕмӕ стъалытӕн, цӕмӕй ӕхсӕвыгон рухс кӕной, уый тыххӕй уагӕвӕрдтӕ Чи скодта, денджызы уылӕнтӕ гуыр-гуыр куыд кӕной, афтӕ Чи сызмӕнты, Йӕ ном Уӕларвӕфсады Бардарӕг Кӕмӕн у:


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бон ӕмӕ ӕхсӕвимӕ фидыд куыд сарӕзтон, арв ӕмӕ зӕххы ӕгъдӕуттӕ куыд сфидар кодтон,


Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.


Израилы адӕмы гуымирытӕм чи нӕ кувы ӕмӕ сын кувӕн къуыбыртыл сӕ нывӕндтӕй чи нӕ аходы, йӕ хионы усы чи нӕ ӕгад кӕны ӕмӕ йӕхи усимӕ йӕ туг цӕуыны заман чи нӕ ӕрӕмуат вӕййы,


Дунедарӕг мӕ бакодта Кувӕндоны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕрмӕ, тыргътӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн, фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы лӕууы. Сӕ чъылдымтӕ сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, се ’ргом та хурыскӕсӕнмӕ ӕмӕ хурыскӕсӕнӕрдӕм хурӕн куывтой.


уӕлхӕдзӕрттыл стъалытӕм чи кувы, стӕй Дунедарӕгмӕ дӕр ӕмӕ Милкоммӕ дӕр чи кувы, сӕ дыууӕйӕ дӕр сомы чи кӕны,


Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ — Уый хур скӕсын кӕны хӕларзӕрдӕтыл дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.


Хуыцау сӕ Йе ’ргом аздӕхта, цӕмӕй кувой, арвыл цы ис, уыдонмӕ, пехуымпартӕм куыд фыст ис, афтӕ: „Израилы адӕм, ӕдзӕрӕг быдыры дыууиссӕдз азы дӕргъы кусӕрттӕ Мӕнӕн кодтат ӕмӕ нывӕндтӕ Мӕнӕн хастат?


Хуыцауы ӕцӕгад уыдон баивтой мӕнгдзинадӕй, кувынц ӕмӕ лӕггад кӕнынц фӕлдисондӕн, ӕнусмӕ арфӕгонд Чи у, уыцы Сфӕлдисӕджы бӕсты. Аммен.


Дурты бын ӕй фӕкӕнут, куыд амӕла, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕ уый ардыдта Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уацарӕй уӕ Чи ракодта Мысырӕй, Уый ныууадзыныл.


Уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕг та маринаг у — Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Мысырӕй уӕ Чи ракодта ӕмӕ уӕ цагъарадӕй Чи фервӕзын кодта, Уый ныхмӕ кӕй ралӕууыд ӕмӕ уӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕндагӕй иуварс кӕй здӕхта, уый тыххӕй. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!


Йӕ ныхасы сӕрты ахизгӕйӕ, исчи ӕндӕр хуыцӕуттӕн, хур, мӕй кӕнӕ стъалытӕн куы лӕггад кӕна ӕмӕ-иу сын куы бакува,


мадӕр исты зӕххыл хилӕджы, мадӕр доны ленкгӕнӕг кӕсаджы хуызы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ