14 Уӕд мын Дунедарӕг загъта, цӕмӕй уын фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ бацамонон, ӕмӕ сӕ, уӕхи кӕй бакӕндзыстут, уыцы бӕсты ӕххӕст кӕнат.
Мӕнӕ, адӕмӕн цы уагӕвӕрдтӕ хъуамӕ раттай, уыдон.
Уӕдӕ афтӕ: ӕз уын кӕй дзурын, Дунедарӕджы ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй сфидар уат ӕмӕ, уӕхи йӕ бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уый уӕхи бауа;
Уый уын уӕд фехъусын кодта, ӕххӕст кӕнын уын кӕй ӕмбӕлы, Йӕ уыцы бадзырд — Дӕс фӕдзӕхсты. Дыууӕ къӕйдурыл сӕ ныффыста.
Дунедарӕг уӕм Хоревы рӕбын арты хуылфӕй куы дзырдта, уӕд сымах фӕлгонц нӕ федтат. Уӕхи хъахъхъӕнут уӕдӕ.
Мӕ ныхӕстӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут ӕмӕ дзы ӕппаргӕ дӕр мацы акӕнут. Ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон.