Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Сымах бацыдыстут ӕмӕ хохрӕбын ӕрлӕууыдыстут. Хох артау сыгъди, ӕмӕ арты ӕвзӕгтӕ арвыл ныдзӕвыдысты. Уыди саудалынг, бӕзджын мигъ ныббадти.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:11
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Арвы къӕй ӕртасын кодта ӕмӕ ӕрхызти дӕлӕмӕ, Йӕ къӕхты бын — саудалынг.


Зӕххӕнкъуысты хӕдуӕлвӕд ссыгъди пиллон арт, фӕлӕ уый мидӕг дӕр нӕ разынди Дунедарӕг. Фӕлӕ арт куы ахуыссыд, уӕд ӕрыхъуысти ӕдзӕм ӕмӕ фӕлмӕн хъӕлӕс.


Зӕрдӕйӕн ӕхцондӕр сты сыгъзӕринӕй, суанг ӕнӕнымӕц сыгъдӕг сыгъзӕринӕй, адджындӕр сты мыдӕй ӕмӕ мыды фӕзгъӕртӕй.


Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕм ӕрцӕудзынӕн бӕзджын ӕврагъы мидӕг, цӕмӕй адӕм фехъусой, демӕ куыд дзурын, уый ӕмӕ дыл амӕй фӕстӕмӕ кӕддӕриддӕр ӕууӕндой». Моисей Дунедарӕгӕн адӕмы дзуапп куы рафӕзмыдта,


Дунедарӕг уӕм арты хуылфӕй дзырдта; сымах Ӕй хъуыстат, фӕлӕ Йӕ уынгӕ нӕ кодтат, ӕрмӕст Йӕ хъӕлӕс зӕлыди.


Ӕмӕ саудалынджы арфӕй хъӕлӕс куы фехъуыстат, уӕд хох арты сыгъди, ӕмӕ мӕм уырдӕм ӕрбацыдыстут сымах, мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ