8 Дӕс ӕмӕ ссӕдз боны сау фӕдардтой израилӕгтӕ Моисейыл: фӕкуыдтой ӕмӕ йыл фӕхъыг кодтой Моавы дӕлвӕзы.
Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Йосефы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой, фӕхъыг ыл кодтой авд боны.
Дыууиссӕдз боны дӕргъы йыл архайдтой — ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ. Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йыл фӕхъыг кодтой Мысыры адӕм.
Уриайы ус фехъуыста, йӕ мой кӕй фӕмард, уый ӕмӕ йыл фӕкуыдта.
«Раст адӕймаг амӕлы, ӕмӕ йыл ничи бахъынцъым кӕны, Хуыцаумӕ кувӕг цардӕй ахицӕн вӕййы, ӕмӕ йӕ ничи бамбары, цӕмӕн. Рӕстуды иуварс айстӕуы фыддзинадӕй,
Дзыллӕ Аароны марды хабар фехъуыстой, ӕппӕт израилӕгтӕ йыл дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы фӕкуыдтой.
Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой.
Моисейыл уӕд цыди сӕдӕ дыууын азы, фӕлӕ цӕстӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр нӕма фӕцудыдта.
Моисей Нуны фырт Йешуайыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Йешуа уӕлзондӕй схайджын ис. Израилӕгтӕ йӕ коммӕ кастысты ӕмӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кодтой.
Самуел амарди. Ӕрӕмбырд сты Израилы адӕм, фӕхъыг ыл кодтой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ райгуырӕн сахары, Рамайы. Давид араст ис Параны ӕдзӕрӕг быдырмӕ.